Абон райсомы ‘рдæм коммуналон службæтæ ныссыгъдæг кодтой знон изæрæй цы мит æруарыд, уый
Абон райсомы ‘рдæм коммуналон службæтæ ныссыгъдæг кодтой знон изæрæй цы мит æруарыд, уый. Боныхъæды фæстиуджытæ аиуварс кæнынмæ митæфснайæн техникæ æхсæвы бавнæлдта. Фæндæгтæ бабæстон кæныны тыххæй кусынмæ рацыдысты 12 машинæйы. Цæмæй фæндæгтæ бырынцъаг ма уой, уый тыххæй сыл ныппырх кодтой змис цæххимæ. Уымæн сæ бахъуыд 150 тоннæйы. Фыццаджыдæр бафснæйдтой Дзæуджыхъæуы сæйраг уынгты фæндæгтæ. Сыгъдæг сæ кодтой боныцъæхтæм. Ныртæккæ митæфснайæн мадзæлттæ нæма фесты, сыгъдæг кæнынц куыд къахвæндæгтæ, къæйдуртæ, афтæ сæ алфамблæйттæ дæр. Боныхъæд кæй февзæрдæр, уымæ гæсгæ Паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ шофыртæм сидынц, цæмæй фæндагыл цæугæйæ уой къæрцхъусдæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Абон райсомы ‘рдæм коммуналон службæтæ ныссыгъдæг кодтой знон изæрæй цы мит æруарыд, уый
Категория:
Новости и СМИ