«Сызгъæрин фæззаг»
Нæ программæ райдайдзыстæм ахсджиаг хабарæй. Мæскуыйы байгом уæрæсеаг юбилеон агропромышленнон равдыст "Золотая осень", зæгъгæ. Архайынц дзы нæ республикæйы минæвæрттæ дæр, делегацийы сæргъы Битарты Вячеслав, афтæмæй. Уый куыд фæнысан кодта, афтæмæй ацы форум æрбангом кæны Уæрæсейы регионтæ. Сæ бон дзы у равдисын хъæууон хæдзарады сæм цавæр æнтыстытæ ис, уый. Форум байгом кæныны кадджын мадзалы æрбацыд Уæрæсейы Федерацийы хицауады сæрдар Дмитрий Медведев дæр. Федта цалдæр стенды. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ ацы равдыст йæ нымæцмæ гæсгæ 20-æм кæй у. Ныридæгæн ацы форум нæ бæстæйы бацахста зынгæ бынат. Æрныхас дзы кæнынц ахсджиаг хъуыддæгтыл. Æдæппæттæй дзы ацы аз бацархайдтой Уæрæсейы 47 субъекты. Нæ республикæ равдыста 60 куыстуаты продукци. Форумы сæйраг нысæнттæй ма иу у инвесторты `ссарын. Уый тыххæй та бацæттæ кодтой презентацитæ æмæ проекттæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
«Сызгъæрин фæззаг»
Категория:
Новости и СМИ