Куысты бынæттæм гæсгæ Дзæуджыхъæуы бынат фæуæлдæр сæрмагонд номхыгъды
Официалон æгъдауæй чи нæ кусы, уыцы адæммæ гæсгæ Уæрæсейы регионты номхыгъды Дзæуджыхъæу фæстаг æртæ мæйы `мгъуыдмæ 50-æм бынатæй схызт 30-æммæ. Ахæм хорз бæрæггæнæн къухы бафтыд, къабазы аиуварсгæнинаг хъуыддæгтыл бæстонæй кæй кусынц, уымæ гæсгæ. Афæдзы райдианæй фæстæмæ æмбæлгæ министрадты кусджытæ сарæзтой 35 басгæрсты. Рейдты руаджы бабæрæг кодтой 557 куыстуаты. Сбæрæг кодтой 2503 цауы, æнæ сæрмагонд гæххæттытæ сфидар кæнгæйæ чи кусы, ахæмтæ. Дзæуджыхъæуы администрацийы экономикæ, инвестицион проекттæ æмæ амалхъом адæмы разамынды куыд фехъусын кодтой, афтæмæй ахæм басгæрстытæ дарддæр дæр араздзысты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Куысты бынæттæм гæсгæ Дзæуджыхъæуы бынат фæуæлдæр сæрмагонд номхыгъды
Категория:
Новости и СМИ