Дзæуджыхъæуы райдыдта Плиты Иссæйы номыл æппæтуæрæсеон турнир боксæй
Æппæтуæрæсеон турнир боксæй райдыдта спорты галуан «Манеж»-ы. Ерыстæ сарæзтой Советон Цæдисы хъæбатыр Плиты Иссæйы номыл. Архайынц дзы спортсментæ Кæсæг-Балхъарæй, Цæцæны республикæ, Дагестан, Астраханы æмæ Курскы облæсттæй. Æдæппæтæй 50 боксеры. Турнир сарæзтой Цæгат Ирыстоны физкультурæ æмæ спорты министрад, республикæйы боксы федерацийы хъæппæрисæй. Ерыстæ аххæсдзысты 5 боны. Турнир бабæрæг кодта Цæгат Ирыстоны физкультурæ æмæ спорты министр Хуыгаты Алан. Йæ ныхæстæм гæсгæ ахæм чемпионаттæ пайда сты æрыгон спортсменты фæлтæаддзинад фæбæрзонддæр кæнынæн. РЦИ-Аланийы физкультурæ æмæ спорты министр Хуыгаты Алан: «Фæнды мæ стыр бузынг зæгъын ацы турниры райрæзтыл чи архайдта, уыцы адæмæн. Уыдоны руаджы абон махæн фадат ис ахæм бæрзонд æмвæзадыл ерыстæ аразын. Фæнды ма мæ турниры архайджытæн раарфæ кæнын. Сæ къухы бирæ æнтыстдзинæыстдзинæдтæ бафтæд». Уæрæсейы боксы федерацийы къамисы сæрдар Руслан Богатырёв: «Турнир арæзт у у иттæг хорз. Аразджытæ бæстонæй бакуыстой. Европæйы боксы конфедерацийы разамынд дæр ерыстæн скодтой стыр аргъ». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дзæуджыхъæуы райдыдта Плиты Иссæйы номыл æппæтуæрæсеон турнир боксæй
Категория:
Новости и СМИ