Æнæнхъæлæджы уавæр
Цæлыччы æнæнхъæлæджы уавæры фæтк систой. Уый тыххæй нын фехъусын кодтой Рахизфарсы районы администрацийы пресс-службæйæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, ивгъуыд хуыцаубоны тыхджын къæвдаты аххосæй Цæлыччы æрцыд донивылд. Рагагъоммæйы официалон бæрæггæнæнтæм гæсгæ, хъыгдард баййæфтой 70 хæдзарæй фылдæр. Бынæттон цæрджыты æдас ранмæ ласын нæ бахъуыд. Дохтырты æххуыс дæр ничи бацагуырдта. Донивылд цы зиан æрхаста, уый бæрæг кæны ведомствæты `хсæн сæрмагонд къамис. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Æнæнхъæлæджы уавæр
Категория:
Новости и СМИ