Аккаг аргъ
Дзæуджыхъæуы кады гæххæтытæй схорзæхджын кодтой дохтырты. Мадзал снысан кодтой Медицинон кусæджы бонмæ. Сарæзтой йæ парти «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайады. Дохтыртæн арфæйы æмæ бузныджы ныхæстæ ракодта хайады секретарь Ортабайты Тимур. Мадзалы ма ныхас кодтой медицинæйы къабазы аиуварсгæнинаг хъуыддæгтыл. Дохтыртæ партийы минæвары ргом раздæхтой цалдæр фарстамæ. Сæ сæйрагдæр низ рагагъоммæ сбрæг кæныны тыххæй профилактикон куыст. Адæм дохтырмæ æххуысмæ æрæджиау æрбацæуынц. «Иугонд Уæрæсе»-йы минæвæрттæ куыд бафиппайдтой афтæмæй æнæниздзинады къабазы хъуыддæгтæ аиуварс кæнынмæ разы сты. Медицинон кусджытæ мадзал аразджытæн загътой бузныг. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Аккаг аргъ
Категория:
Новости и СМИ