Бæрæгбон æнæ фыдбылызæй
Ног азы бæрæгбон æнæ фыдбылызæй. Цæгат Ирыстоны райдыдтой сæрмагонд рейдтæ. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ пиротехникæйы хæрзхъæддзинад бæрæг кæнынц. Уымæй уæлдай ма уæйгæнджытæй бацагурынц сæрмагонд гæххæтытæ. Бæрæгбоны агъоммæ сæ нырма хъæуы бабæрæг кæнын бирæ сæрмагонд дуканитæ. Цавæр закъонхæлдыдтæ сбæрæг кодтой басгæрсты рæстæг? Æнæнхъæлæджы уавæрты управленийы кусджытæ Ног азы бæрæгбоны агъоммæ аразынц рейдтæ. Сæ цæст дарынц пиротехникæ кæм уæй кæнынц, уыцы дуканитæм. Бæрæг кæнынц, уæйгæнджытæм перотихнекæ уæй кæнын чи уадзы, ахæм гæххæтытæ ис, æви нæй, уый. Закъон халджыты æфхæрынц. «Ахæм рейдтæ аразæм алы аз. Бæрæг кæнæм пиротехникæ кæм уæй кæнынц, уыцы бынæттæ. Хъыгагæн, ахæм æрмæджытæ адæймаджы къухты арæх срæмудзынц. Уый та, кæй зæгъын æй хъæуы, тæссаг у. Арæх стыр фыдбылызтæм дæр расайы», — РЦИ-Аланийы æнæнхъæлæджы уавæрты министрады цæстдарæг хайады инспектор Кадиты Зауырбег. Уæйкæнынæн бардæттæг гæххæттытæ æмæ сертификаттæ кæмæ нæй, уыцы дуканитæм адæм хъуамæ хæстæг дæр ма цæуой. Домæнтæн дзуапп чи нæ дæтты, ахæм пиротехникæйæ пайда кæнæн нæй. Ацы хабармæ куыд фæндыйы цæстæй чи кæсы, ахæмтæ хъыгагæн цæфтимæ рынчындонмæ дæр бахауынц. Уæдæ дзы уæйгæнджытæн сæхицæн дæр арæх фыдбылызтæм расаынц. Хъыгагæн фыдбылыз куы æрцæуы,уæд йæ аххосджынты зын сбæрæг кæнын вæййы. Дзуаппдæттæг сын нæй. Ирвæзынгæнæн службæйы кусджыты ныхæстæм гæсгæ, уæйгæнджытæ æнæмæнг æлхæнджытæн æмбарын кæной пиротехникæйæ раст куыд спайда кæнын хъæуы, уый. Профилон ведомствæты уæнгтæ адæмы зæрдыл лæууынц кæнынц, цæмæй пиротехникæ æлхæной сæрмагонд дуканиты. Дзæуджыхъæуы ахæм дуканитæ сты 9. Пелиты Сабинæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Бæрæгбон æнæ фыдбылызæй
Категория:
Новости и СМИ