Фидæны специалисттæ
Дзæуджыхъæуы райдыдта чемпионат World Skills-ы æвзарæн къæпхæн. Фæсивæд сæ арæхстдзинад æвдыстой ирон чъиритæ фыцынæй. Цæгат Ирыстоны ацы турнир 7-æм хатт сарæзтой. Ерыстæм арахджытæ æрбамбæлдысты Уæрæсейы 11 регионæй. Фæсивæд сæ тыхтæ æвзардзысты 3 боны. Сæ куыстытæн сын аккаг аргъ скодтой специалисттæ. Æркасты уæлахиздзаутæ дарддæр архайдзысты националон чемпионат финалы, Казаньы. Кадджын мадзалы архайдта Цæгат Ирыстоны ахуырад æмæ наукæйы министр Людмила Башарина. Уый арфæйы ныхæстæ ракодта конкурсы архайджытæн æмæ уазджытæн. Профилон уагдоны разамонæг куыд бафиппайдта афтæмæй ирон чъириты ад баззыдтой нæ бæстæйы алы къуымты дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Фидæны специалисттæ
Категория:
Новости и СМИ