Меценат Дауыраты Виталий сæрмагонд æфсæддон операцийы бынатмæ нæ æфсæддонтæн арвыста гуманитарон æхх

Фыстæджытæ, хиконд нывтæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæ къухты хъармимæ. Фарныхъæуы скъоладзаутæ æппынæдзух архайынц нæ æфсæддонты зæрдæтæ барухс кæныныл. Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны агъоммæ та уый уæлдай ахсджиаг у, зæгъынц фæсивæд. Сывæллæтты лæвæрттæ æхсызгонæй фæхæццæ кæндзæн Дауыраты Виталий. Меценат ныр 12-æм хатт сæмбырд кодта стыр гуманитарон æххуыс. Æртæ хæдтулгæйы, экскаватор, тепловизор, квадрокоптертæ, генератортæ, аккумулятортæ, тæккæ хъæугæдæр дзауматæ, хъарм уæлæдарæс, хойрæгтæ, æмæ, æнæмæнг, чъиритæ. Дыууæ уæзласæн хæдтулгæйы 10 млн сомы аргъæн æххуысимæ адих кæндзысты 4 бынатыл. Дауыраты Виталий ахæм уæз æрвиты ныр 12-æм хатт. Бынаты, хæрзгæнæг æппынæдзух æмбæлы нæ æфсæддонтимæ. Бæлвырдæй базоны, цавæр æххуыс сæ хъæуы, уый. Нæлгоймаг нын куыд радзырдта, афтæмæй йын уыцы хъуыддаг хæссы стыр æхцондзинад. Дауыраты Виталий цы техникæ æмæ хæдтулгæтæ æрвиты сæрмагонд æфсæддон операцимæ, уыдон сты тæккæ хъæугæдæр, зæгъынц нæ æфсæддонтæ. Уымæй уæлдай ма, хæрзгæнæг дыууæ æфсæддонæн фæхæццæ кæндзæн сæ паддзахадон хæрзиуджытæ. Уæвгæ, Дауыраты Виталий цы хæрзаудæн куыст кæны, уымæн стыр ахадындзинад ис. Нæ æфсæддонтæй уæлдай, нæлгоймаг æппынæдзух архайы республикæйы фæсивæды фарсмæ балæууыныл сæ алы хъуыддаджы дæр.

Иконка канала IRYSTONTV
1 460 подписчиков
12+
252 просмотра
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии