Дзанайты Барисы разамындæй ацыд хицауады кæронбæттæн æмбырд
Ацы аз национ проекттæ æмæ паддзахадон программæтæн рахай кодтой 37 млрд сомы. Фаронимæ абаргæйæ уый у фылдæр. Уыдонæй 6 млрд сомы сты уæлæмхасæн фæрæзтæ республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйлойы курдиатмæ гæсгæ. Проекттæ сæххæст кодтой 100%. Министрты кабинеты 2023-æм азы куыстæн хатдзæгтæ скодта Дзанайты Барис. Премьер-министры разамындæй ацыд ацы азы фæстаг æмбырд. Куыд фæнысан кодта, афтæмæй арæзтадон, бындурон цалцæджы æмæ рацарæзты куыстытæ цыдысты 220 объекты. 99 автобусы балхæнынæн рахай кодтой милиард сомæй фылдæр. Регионмæ ныридæгæн сластой 28 ног трамвайы æмæ 113 автобусы, сæ иумæйаг аргъ 3 млрд сомы. Ацы хъуыддаг у æхсæнадон транспорты рацарæзты егъау хæйттæ иу - фæбæрзонддæр уыдзæн лæггæдты æдасдзинад æмæ хæрзхъæддзинад. Фæфылдæр ис санаторон-курортон дзæбæхгæнæн мадзæлтты субсиди Беслæны теракты хъыгдардбаййафджытæн. Куыст цæуы Терроризмы профилактикæйы центры музейон комплексы концепцийыл дæр. Ацы куысты архайынц Уæрæсейы раззагдæр специалисттæ. Дзанайты Барис зæрдыл æрлæууын кодта, ацы аз кæй райдыдтой æххæст кæнын Мæздæджы æмæ Горæтгæрон районы социалон-экономикон райрæзты программæтæ. Корпорацитæ Дом.РФ æмæ Кавказ.РФ бакуыстой Дзæуджыхъæуы æмæ туристон кластеры мастер-пълантыл. ВЭБ.РФ-ы æххуысæй райдыдта 1100 сабийæн скъолайы арæзтад. Фидæны фæндты ма 2 ахуырадон уагдоны арæзтад дæр. Аразын ма райдыдтой, Ногиры фæрсты цы хид ис, уый дæр. 800 млн сомы бæрц та республикæ райсдзæн модулон фысымуæттæ æмæ бæлццæттæн æмбæлгæ уавæртæ фæндæгтыл аразынæн. Цæгат Ирыстон ис, æппæтæй фылдæр фæрæзтæ кæмæн рахай кодтой, уыцы 5 регионы 'хсæн. Дзанайты Барисы ныхæстæм гæсгæ, стыр æргом здæхт цæуы инвестицион политикæмæ.