Национ чиныгдоны байгом амалхъом адæмæн æххуысы программæ
Хи куыстуат цы хуызы ис байгом кæнӕн? Национ чиныгдоны райдыдта «Alania Business Accelerator» программæ. Зондамонджыты лекцитæ байхъусынмæ æрбацыд 40 æрыгон амалхъом адæймаджы. Дыууæ мæйы 'мæ 'рдæг бизнесменты цæттæ кæндзысты фæлтæрдджын специалисттæ. Дзурдзысты сын къабазы лыстæгдзинæдтæ, рæдыдтытæ æмæ маркетингы тыххæй. Бизнесы къабазы проектæн ис йæхи хъомыс. Архайынц дзы, фыццаг къахдзæфтæ чи кæны, уыцы амалиуæггæнджытæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv