Людмила Терещенко 40 азæй фылдæр дары мыдыбындзытæ
Мыдгæсы куыстæн рагæй æрæгмæ дæр стыр аргъ кодтой. Кæд фыццаг бакастæй æнцон зыны, уæддæр дзы бирæ фыдæбон ис. Ацы дæсныйады сусæгдзинæдтæ базонынмæ не сфæлдыстадон къорд араст ис Бехъанмæ. Людмила Терещенко мыдыбындзытæ дары цыппор азæй фылдæр. Йæ дæсныйад йæ зæрдæмæ тынг цæуы. Сылгоймаг куыд зæгъы, афтæмæй ацы куыст чи нæ зоны, уымæ зын фæкæсы. Фæлæ уый афтæ нæу. Йæ сусæгдзинæдтæ йын куы зонай, уæд дзы зæрдæ райы. Ныртæккæ «Золотая пчелка»-йы ис 38 мыды чыргъæды. Мыдгæстæ сæ сæхи мидæг бинонтæ хонынц. Бындздарæны бинонтæм хауы æртæ уæладзыджы. Иу бинонты вæййы 3 мин мыды бындзы. Фыдæбонджын бинонтæ куы уой, уæд иу сезонмæ æрхæссынц 50 килограммы мыд. Ныридæгæн уал сæмбырд кодтой 8 тоннæйы мыд. Цæмæй мыд сæмбырд кæнай, уый тыххæй æппынæдзух бындздонмæ зилын хъæуы. Мыдыбындзытимæ архайын хъæуы фæздæгимæ. Уæд буарыл нæ фæхæцынц. Уымæ гæсгæ мыдгæсæн семæ æнцондæр кусæн вæййы. Ныртæккæ мыдыбындзыты цæттæ кæнынц зымæгмæ. Афтид чыргъæдтæ æруадзынц бынаг уæладзыгмæ. Мыдгæс ма лæмбынæг йæ хъус дары цæмæй мыдыбындзытæ фылдæр кæной. Цæмæй мыггаг парахат кæны, уый тыххæй Людмилæ дары сæрмагонд мыдыбындзыты. Ис ын йæхм ном дæр æм ма хуыз - цъæх. Фæлæ йын æй алы аз дæр ивынц, цæмæй нысангонд уа мыдыбындзыл ныридæгæн цал азы цæуы, уый. Ацы аз мыдыбындзытæм зилын зындæр у. Уымæн æмæ быдырты пырх кæнынц алыхуызон хъацæнтæй. Арæх дзы мыдыбындзытæ фæхъæстæ вæййынц æмæ амæлынц. Мыддарджытæ ацы хъуыддагы цы бакæной уый нæ зонынц. Мыддонæй мыдыбындзыты куынæ рауадзой, уæд уымæй дæр амæлдзысты. Мыдыбындзыты æндæр ранмæ аласыны фадат та нæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Людмила Терещенко 40 азæй фылдæр дары мыдыбындзытæ
Категория:
Новости и СМИ