Фидæны олимпаг чемпион

2 тыс. подписчиков

12+
12+

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

9 лет назад

Хапсæты Динæ фæнд кæны олимпаг хъæзтытæ рамбулын. Æрыгон Дзæуджыхъæуккаг фигуристкæ кусы йæ фæлтæрддзинад фæуæрæхдæр кæныныл. Фæнды йæ Пекины Олимпаг хъæзтыты бацархайын. Уымæн ын ис хорз фадæттæ. Фæлæ спорты бæрзæндтæм схизын æнцон нæу. Хъуамæ кæрæдзийы бамбарой алыхуызон элементтæ кæнынмæ арæхстдзинад, артисты дæсныйад æмæ уæлахизмæ тырнындзинад. Динæ та, цымæ, куыд аразы йæ фæндаг йæ бæллиц сæххæст кæнынмæ? Уый тыххæй радзурдзæн нæ уацхæссæг. Ацы чызг тренировкæтæм цæуы, куыд бæрæгбонмæ, афтæ. 15 аздзыд Хапсæты Динæ цæры æмæ тренировкæтæ кæны Мæскуыйы. Фæлæ алы ерысты дæр, фыццаджыдæр, хъахъхъæны йæ уарзон Ирыстоны кад. Йæ боны фæтк вæййы фыст, уæгъд рæстæг дæр ын бирæ нæ вæййы. Уæдæ йæм æнтыстдзинæдтæ дæр куыд хъуамæ ма уа. Æрæджы ссис спорты мастер. Хапсæты Динæ: «Мæхи бирæ цæттæ кодтон . Фæндыд мæ рамбулын, æмæ мæ размæ цы хæс сæвæрдтон, уый сæххæст кодтон. Мæ тренировкæтæ дæр æнцон нæ уыдысты. Спорты цас дæн, уыцы рæстæгмæ афтæ хорз нæма равдыстон мæ программæ. Ихыл куыд абырыдтæн уымæй тынг разыйæ базадтæн». Къахдзоныгътыл аив бырынмæ Динæ цæуы 8 азы. Йæ нысан бæлвырд дæр у: Пекины Олимпиадæйы рамбулын. Нырма уал фигуристкæ рамбылдта ерыстæ Челябинскы. Динæйы æнтыстдзинæдтæн ис бирæ сусæгдзинæдтæ. Сæ иу равдыста турниры. Жюри уæнгтæ йын стыр аргъ скодтой. Æвзонг фигуристкæ ихыл куыд аив зилы, уыдон кæныны техникæйæн ын сæвæрдтой стыр баллтæ æмæ йын радтой фыццаг бынат. Ихын аренæйы директор Пхалæгаты Владимир никуы дызæрдыг кодта - æрыгон спортсменкæ суыдзжн егъау ерысты уæлахиздзау. Динæ ацы бонты цæуы Мæскуымæ. Уым дарддæр йæхиуыл кусдзæн. Зæрдæ бавæрдта, дарддæр дæр ерысты Цæгат Ирыстоны кад кæй хъахъхъæндзæн, уымæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Фидæны олимпаг чемпион

Категория:

Новости и СМИ