Кинологты 'хсæн ерыстæ ацыдысты Дзæуыджыхъæуы
Хæлдтæ сыппаргæйæ сбæрæг фæлварæнтæ кæм ацæудзысты, уыцы бынат. Æрхъуыдыгонд цаумæ гæсгæ, алы аудиторийы дæр бамбæхстой наркотиктæ, æхца æмæ рæмудзæн æрмæджытæ. Æппæт ацы дзауматæ хъуамæ ссарой куыйтæ. Тæрхонгæнæг фехъусын кодта ерыстæ кæй райдыдтой, æмæ кинологтæ сæ цыппæркъахыг æмкусджытимæ хæслæвæрдтæ æххæст кæнынмæ балæууыдсты. Гæджиты Василийæн ацы конкурс фыццаг нæу. Ныридæгæн хорз бæрæггæнæнтæ равдыста. Пуля - ахæм у йæ хорз хæлары фæсномыг. Цырд кæй у, уый тыххæй йæ схуыдтой, афтæ. Дыууæ минуты дæр æй нæ бахъуыд æмæ Пуля бæстыхайы æмбæхст æхца ссардта. Æмткæй ерысты ис цалдæр къæпхæны. Ласинæгты 'хсæн агуырд, дрессировкæйы иумæйаг курс, рог æмæ уæзласæн хæдтулгæты басгæрст. Кинологтæ куыд зæгъынц, афтæмæй хæслæвæрдтæ æнцон не сты, фæлæ таможнæйы куысты рæстæг ноджы зындæр вæййы. Уымæ гæсгæ, ахсджиаг у цæрæгойы æмбарын, йæхи куыд дары, уый иртасын. Гæджиты Василий хъæддыхæй зæгъы, Пуляимæ кæрæдзийы хорз кæй æмбарынц. Уымæ гæсгæ, æнæмæнг, фæуæлахиз уыдзысты. Фæлварæнты размæ алы архайæг дæр бæстыхайыл йæ цæст ахæссы. Предметтæм æвналæн нæй. Куыдз ласæн цы уæз нæй, ахæм куыддæр сбæрæг кæны, афтæ йæ йе змæлдæй бамбарын кæны, уыимæ ма фæархайы закъонхалæджы ма фæтæсын кæныныл. Цæрæгой, гæнæн ис, æмæ æрхуысса, сбада, цавæрдæр командæ ацараза кæцы æрмæст кинолæг фембардзæн. Ахæм ерыстæ арæзт цæуынц 2012-æм азй. Æркасты архайынц Цæгат Ирыстоны, Дагестаны, Стъараполы крайы таможнæйы кусджытæ. Ерысты хатдзæгтæм гæсгæ, снысан кæндзысты Цæгат Кавказы Федералон Упрвленийы иумæйаг командæ. Архайдзысты дзы капитан æмæ дыууæ кинологы æд куыйтæ. Æппæтуæрæсеон къæпхæн ацæудзæн хæстæгдæр рæстæг Майкъопы.