Ольгинскæйы Культурæйы хæдзар цалцæггæнинаг у

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

7 лет назад

Ольгинскæйы Культурæйы хæдзар сарæзтой 1966 азы. Уæдæй абонмæ бæстыхай бындуронæй цалцæггонд никуы уыд. Ныртæккæ æрцыд заууат уавæрмæ. Архайынц дзы алыхуызон сфæлдыстадон къордтæ. Кафджытæ, вокалон-инструменталон ансамбль, адæмон театр. Фæлæ, æбмæлгæ уавæртæ кæй нæй, уымæй тыхсынц. Риссаг фарстайы тыххæй ныхас кодтой Битарты Вячеславимæ дæр хъæуы цæрджытимæ фембæлды. Ныфс сын бафæрдтой, кæй йæм базилдзысты. Ольгинскæйы Культурæйы хæдзар сарæзтой 1966 азы. Уæдæй абонмæ йæ бæстыхай бындуронæй цалцæггонд никуы уыд. Кæддæр уыд республикæйы хъæуты культурæйы артдзæстыты ’хсæн сæ рæсугъддæр. Ныр, хъыгагæн, йе 'ддаг бакастæй райдай æмæ мидæгæй фæу, у бæстон базилинаг. Æддейы йæ къултæ æзгъæлынц. Дурты онг байгом сты. Фыр зæрондæй бирæ рæтты афаз сты. Æвзæр уавæры сты йæ бацæуæнтæ дæр. Культурæйы хæдзарæн йæ алыварс цы быру ис, уый дæр заууатмæ æрцыд. Мидæгæй дæр бæстыхайы уавæр зæрдæхсаинаг у. Йæ концертон залы хъарм нæ кæны. Уый аххосæй зымæгон культурæйы хæдзары сфæлдыстадон къордты куыст къуылымпы кæны. Нæдæр концерт, нæдæр дзы спектакль равдисыны фадат ис. Рухсдæттæн системæ дæр у ивинаг. Уарынты афон бирæ рæстæг хæдзары цар тагъди æмæ къултæ схъуына сты. Згъæлын райдыдтой. Кусджытæ-иу сæм сæхи хъарутæй базылдысты. Фæлæ, æнæ бæстон цалцæгæй уавæр уымæй хуыздæр нал фæуыдзæн. Сценæйы хуыз дæр адæймаджы цæст нæ рæвдауы. Зæронд декорацитæ, советон дуджы бандæттæ.Заууат дуæрттæ. Фыццаг уæладзыджы рудзгуытæ æмæ бæстыхайы цар цалдæр азы размæ раивын бантыст. Фæлæ, риссаг фарстатæ культурæйы артдзæсты бирæ ис. Ныртæккæ дзы архайынц алыхуызон сфæлдыстадон къордтæ. Æрæджы кусын райдыдта кафджыты къорд. Ис дзы 35 сабийы. Се 'хсæн ис, скъоламæ чи нæма цæуы, ахæмтæ дæр. Кæд цы уавæрты архайынц, уыдон сæ хуыздæртæй не сты, уæддæр сывæллæттимæ лæмбынæг куыст цæуы. Ирон адæмон инструмент, дала-фæндырыл цæгъдын дæр ахуыр кæнынц сабиты. Хъыгагæн, сæм инструменттæ фаг нæй. Фæлæ, сахуыр кæнын кæй фæнды, уыдон сты бирæ. Сæ арæхстдзинад арæх равдисынц алыхуызон конкурстæ æмæ равдыстыты. Ольгинскæйы культурæйы хæдзары ис адæмон театралон къорд дæр. Раздæр, Алыккаты Ларисæйы ныхæстæм гæсгæ, йæ архайыджыты нымæц фылдæр уыд. Арæх-иу сæ спектакльтимæ цыдысты республикæйы районтæм. Ныр дæр сын стыр аргъ кæнынц сæ куыстæн, кæд дзы бирæ адæм нæ архайы, уæддæр. Æркаст «Иры фарн»-ы бацахстой дыккаг бынат. Раст, профессионалон артисттау, ирд сурæттæ саразынц. Семæ кусы ирон академион театры актрисæ Бæцæзаты Индирæ. Уымæй уæлдай ма, культурæйы хæдзары сабитæ архайынц уæгъдибар хъæбысхæстæй дæр. Лæппутæ зæрдиагæй фæлварынц сæхи спорты. Фæлæ, сын бынтон æмбæлгæ уавæртæ нæй. Дыууæ къуырийы размæ галуаны разамонæг, Алыккаты Ларисæ, сæ риссагдæр фарстатæ радзырдта нæ республикæйы сæргълæууæг, Битарты Вячеславимæ фембæлды. Уæд, сын ныфс бавæрдтой, уаддзæджы бæстыхай бæстонæй кæй рацараздзысты. Уыцы хъуыддагмæ ныр æнхъæлмæ кæсынц, куыд сабитæ, афтæ сæ ныййарджытæ дæр. Ольгинскæйы культурæйы хæдзары сабиты сфæлдыстадон курдиаттæ раргом кæныныл цæуы бæстон куыст. Æмбæлгæ уавæртæ ма сын куы саразой, уæд се 'нтыстдзинæдтæ ноджы фылдæр кæй уыдзысты, уый дызæрдыккаг нæу. Хуасдзауты Алинæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Ольгинскæйы Культурæйы хæдзар цалцæггæнинаг у

Категория:

Новости и СМИ