Фидæны дæсныйад
Фидæны дæсныйад æвзаргæйæ ма фæрæдийын у вазыгджын хъуыддаг алы адæймагæн дæр. Иуæй-иутæн уый æнцонтæй бантысы, иннæтæ йæ сæхæдæг æмбаргæ дæр нæ бакæнынц, цы сæ хъæуы, уый. Æххуысгæнджытæ уыцы рæстæг арæх бахъæуы. Æмæ уæвгæ дæр вæййынц. Скъоладзаутæн сарæзтой профориентацион мадзæлттæ. Радон кампанийæн та скодтой хатдзæгтæ. Бæлвырддæр хабæрттæ - нæ дарддæры æрмæджы. Фидæны дæсныйад равзарын зын нæу. Æрмæстдæр цалдæр къахдзæфы. Фыццаджыдæр, адæймаджы удыхъæд хуыздæр базонын æмæ, йæ зæрдæмæ фылдæр цы цæуы, уый раитрасын. Уый фæстæ сæрмагонд тест ацæуын. Алыхуызон фарстатæн дзуæппытæ дæтгæйæ, ис адæймаджы миддуне базонæн. Ис сæ 5 къордыл адих кæнæн, зæгъæм "Адæймаг-æрдз". Ацы къордмæ кæй бахæссынц, уыдон зæххы куыст кæнын уарзынц. "Адæймаг-техник"-тæ та сты математикон зондахастыл хæст. Кæстæртимæ иртасæн куыст хъæлдзæг хуызы аразын æмбæлы. Афтæмæй сывæллæттæ хуыздæр æнкъарынц, райсомы бон сæ цы куыст кæнын фæнды, уый. Элина Галуева: «Фæнды мæ дизайнер суæвын, мæ зæрдæмæ цæуы уыцы дæсныйад. Уæттæ, бæстыхæйттæ барæсугъд æмæ саив кæнын. Уымæй хуыздæр ма цы ис. Æз дæр ацыдтæн тест. Куыд равдыста, афтæмæй æз дæн «Сфæлдыстадон хуыз»-ы категорийы адæймаг. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ мæ дæсныйад дæр раст кæй равзæрстон». Куыст дæттыны комитет Профориентацион кампани æрвылаз саразы. Сывæллæттæн бæстонæй радзурынц алы дæсныйады ахадындзинады, стæй, нæ республикæ цы специалисттæй цух у, уыдæтты тыххæй. Лекцитæ сын фæкæсынц комитеты специалисттæ æмæ психологтæ. Цæттæ сты сывæллæттæн æххуыс кæнын æмæ сæ фарстатæн дзуæппытæ дæттынмæ. Профориентацион куыст сарæзтой 350 адæймагæн , республикæйы алы районтæй. Бæлвырддæр информаци фæсивæдæн сæ бон у куыст дæттыны центры базонын. Сывæллоны куы афæрсай, кæмæй йæ фæнды суæвын, уымæй, уæд ын хъуамæ дзуапп радтынмæ сарæхса. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Фидæны дæсныйад
Категория:
Новости и СМИ