«Ирон дæн æз»
Фыдæлтæй нæм цы зонындзинæдтæ æмæ фарны æгъдæуттæ баззад, уыдоныл иузæрдион сты Цæгат Ирыстоны республикон æхсæнадон змæлд «Иудзинад»-ы уæнгтæ. Сæ сæйрагдæр нысаныл нымайынц, цæмæй рæзгæ фæлтæр æнувыд уой райгуырæн бæстæйыл, уарзой мадæлон æвзаг, ма рох кæной нæ хорз æгъдæуттæ. Сарæзтой ныридæгæн традицион чи сси, уыцы республикон æркаст «Ирон дæн æз». Мадæлон æвзагыл аив дзурын, дæ мыггаджы равзæрды тыххæй нывæцæн ныффыссын. Лæппутæ сæхи фæлварынц конкурсы хæслæвæрдты. Уалдзæджы дзы архайдтой чызджытæ. Ныр та у лæппуты рад. Мадзал аразджыты фæнды, цæмæй фæсивæд ирон æвзагмæ се`ргом фылдæр здахой. Конкурсы архайджытæ сты нæ республикæйы алы районтæй. 9 -æй 11-æм кълæсты ахуырдзаутæ.Æркасты домæнтæм гæсгæ хъуамæ зоной нæ рагфыдæлты фæзминаг æгъдæуттæ, арæхсой аив ныхасмæ, кафынмæ æмæ зарынмæ. Уыимæ ма хъуамæ уой ирон уæлæдарæсы.Скъодтаты Эмир конкурсы тыххæй куы фехъуыста, уæд дзы кæй бацархайдзæн, ууыл иу уысм дæр нæ дызæрдыг кодта. Лæппутæ тынг зæрдиагæй сæхи бацæттæ кодтой æркастмæ. Сæ хъуыдытæ равдыстой сыгъдæг ирон æвзагыл. Сæ арæхстдзинад æмæ зонындзинæдтæн та аргъ кодтой жюрийы уæнгтæ.Се 'хсæн нæ республикæйы культурæ æмæ ахуырады сгуыхт кусджытæ. Конкурсы уазджыты зæрдæтæ бахъæлдзæг кодтой концертон программæйæ. Æркасты кæронбæттæны уæлахиздзауты схорзæхджын кодтой кады гæххæттытæ, зæрдылдарæн лæвæрттæ æмæ æхцайы фæрæзтæй. Мадзал аразджытæ та сæ зæрдæ бавæрдтой, конкурс æрвылаз кæй уыдзæн, уымæй. Уазиты Зæлинæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
«Ирон дæн æз»
Категория:
Новости и СМИ