Сухой Суперджет-100" та фæстæмæ раздæхт
Шереметьевойы хæдтæхæг "Сухой Суперджет-100"-мæ æрæджы цы фыдбылыз æрцыд, уымæй адæм се `муд нæма `рцыдысты, æмæ та мæнæ ног хабар. Дысон æхсæвы 2 сахатыл уыцы аэропортæй Самарæмæ ратахт ахæм хæдтæхæг. Уый дæр уыдис авиакомпани "Аэрофлот"-ы уæлдæфон нау. Фæндагыл 23 минуты йеддæмæ нæма уыдис, афтæ та уый дæр фæстæмæ Мæскуымæ раздæхын бахъуыд. Уыцы рæстæг уыдис горæт Владимиры сæрмæ. Ныртæккæ хæдтæхæджы балцвæд уынут "Флайтрадар"-ы бæрæггæнæнтæм гæсгæ. Зыны, хæдтæхæг Мæскуыйæ куыд ратахт уый, йæхи 10 километры бæрзæндмæ куыд систа, уый дæр бæрæг у. Уыцы рæстæг йæ тагъдад уыдис 750 километры сахатмæ. Фæлæ уыйфæстæ æбæрæг аххосæгты тыххæй фæстæмæ йæхи цæхгæр бынмæ `руагъта, къаддæр кæныны райдыдта йæ тагъдад дæр. Чысыл фæстæдæр фæстæмæ æрбадт Шереметьевойы. Адæмæй, зæгъынц, хъыгдард ничи баййæфта. Мæскуыйы рæстæгмæ гæсгæ, хæдтæхæг Самарæмæ хъуамæ ныххæццæ уыдаид 3 сах аты æмæ 30 минутыл. Дзыллон информацийы фæрæзтæ куыд хъусын кæнынц, афтæмæй уыцы рæстæг амынд уыдис Самарæйы аэропорты электрон фæйнæгыл дæр. Фæлæ, дам, æй фæстæдæр аивтой райсомы 6 сахатмæ. Уыцы-иу рæстæг ма хабархæссæг фæрæзтæ хъусын кæнынц, раздæр "Аэрофлот" дæсгай рейсытæ амынд хæдтæхæгимæ кæй аивта. Цæмæ гæсгæ, уый бæрæг нæу. Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм, 5-æм майы Шереметьевойы Мæскуыйæ Мурманскмæ ратæхæг уæлдæфон нау фæстæмæ æвæстиатæй кæй æрбадт. Хъыгагæн, дзы 78 адæймагæй 41 фæмард сты, хæдтæхæгыл зынг кæй схæцыд, уымæ гæсгæ. Уæрæсейы слестгæнæн комитет байгом кодта уголовон хъуыддаг. Фыдбылызы аххосæгтæ сты цалдæр. Се `хсæн - экипаж кæй фæрæдыд, уый дæр. Бæллæхы амæттæгты базонынæн та бахъуыд генетикон иртæстытæ саразын. ТАССы хъусынгæнинагмæ гæсгæ сæ абон кæронмæ конд фесты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Сухой Суперджет-100" та фæстæмæ раздæхт
Категория:
Новости и СМИ