Хуссар Ирыстоны цæрджыты 1920-æм азы геноциды тыххæй фарстайыл æрныхас кæндзысты Женевæйы дикусситы
Хуссар Ирыстоны цæрджыты 1920-æм азы геноциды тыххæй фарстайыл æрныхас кæндзысты Женевæйы дикусситы, хъуамæ нымад æрцæуа официалон æгъдауæй. Хуссарирыстойнаг минæвæрттæ геноциды тыххæй ахæм æмвæзадыл дзурдзысты фыццаг хатт. Ацы аз Хуссар Ирæн у мысæн аз. Гуырдзыстойнаг фашистты рдыгæй фыццаг тугкалæн æмæ æвирхъау цаутæй рацыд 100 азы. Геноциды тыххæй фарстайыл рагагъоммæ аныхас кодтой Женевæйы дискусситы æмсæрдаримæ. Уый тыххæй фæнысан кодта Хуссар Ирыстоны президенты æххæстбарджын минæвар Джиоты Мурат. Куыд загъта, афтæмæй радон æмбырд нысан кæнынц 31-æм мартъийы æмæ 1-æм апрелы. Æдасдзинады фæдыл æппæтадæмон дикусситæ Женевæйы цæуынц 2008-æм азæй нырмæ. Архайынц дзы Уæрæсе, Абхаз, Хуссар Ирыстон æмæ Америкæйы иугонд штаттæ. Дискусситы вæййынц Иугонд Нациты Организаци, Европæйы Цæдис æмæ Европæйы Советы æдасдзинады организацийы минæвæрттæ. Хуссар Ирыстон, Абхаз æмæ Гуырдзыстоны минæвæрттæн Женевæйы фæз у, сæ ахсджиаг фарстатыл æрдзурынæн фадат кæм ис, уыцы иунæг бынат. Женевæйы дискусситы сæйраг хæс у Фæскавказы регионы сабырдзинад æмæ æдасдзинадыл бакусын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хуссар Ирыстоны цæрджыты 1920-æм азы геноциды тыххæй фарстайыл æрныхас кæндзысты Женевæйы дикусситы
Категория:
Новости и СМИ