Кинойы хæдзары уыд режиссер Цæлыккаты Вадимы кинонывы премьерæ
Кинойы хæдзары уыд киноныв "Мой брат доктор Мольс"-ы премьерæ. Йæ режиссер — Цæлыккаты Вадим. Документалон лентæ у бельгиаг бинонты тыххæй. Уыдон кæддæр алыгъдысты Уæрæсейæ. Æвдисы дыууæ æфсымæры ахастдзинæдтæ. Хистæр Серж цæры Брюсселы, кусы дохтырæй, кæстæр Алексей у менеджер Мæскуыйы. Киноныв истой дыууæ азæй фылдæр. Уалдзæджы йæ равдыстой Мæскуыйы, сæрды — Бельгийы. Сси 15-æм Æппæтадæмон кинофестиваль "Русское зарубежье"-йы сæрмагонд дипломы аккаг. Аивадуарзджытæ куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй кинонывæн, зæрдæмæ арф чи хъары, ахæм сюжет ис. Адæймаг ахъуыды кӕны йæ цардыл, йе хӕстӕг адæмыл.