Хъазахъхъæгты намысы фæндагыл
Цæгат Ирыстонмæ Волгоградæй æрхæццæ хæдтулгæтыл дугъ. Акцийы мадзæлттæ цæуынц хæстон намысимæ баст бынæтты. Уазджытæ бабæрæг кодтой аргъуаны пантеон. Дидинджытæ æрбахастой инæлар-булкъон Сланты Леониды цыртдзæвæнмæ. Куыд зæгъынц афтæмæй уыдон инæлары хъæбатырдзинад никуы ферох кæндзысты. Фæстæдæр та абалц кодтой Намысы Аллеямæ. Уым ссардтой Советон Цæдисы дыууæ хатты хъæбатыр Плиты Иссæйы рухс ном. Акци "Маршрут казачей славы" цæудзæнис цалдæр боны. Ацы аз йæ аразджытæн сæ зæрды ис 12 горæты бабæрæг канын. Цыппар горæты уал дзы уыдысты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Хъазахъхъæгты намысы фæндагыл
Категория:
Новости и СМИ