Æрыгон пъæлицæйæгты æххуысгæнджыты къорд фæзынд Æрыдоны районы
Æрыгон пъæлицæйæгты æххуысгæнджыты къорд фæзынд Æрыдоны районы. Йæ архайджытæ сты Æрыдоны 1-аг скъолайы ахуырдзаутæ. Абон кадджын уавæры ард бахордтой. Ныфс бавæрдтой, куыд æмбæлы, афтæ кæй ахуыр кæндзысты, уæндон æмæ хъæддых кæй уыдзысты, Фыдыбæстæйæн лæггад кæй кæндзысты æмæ æхсæнадон æдасдзинадмæ сæ цæст кæй дардзысты, уымæй. Кадджын мадзалы фæстæ, скъоладзаутæн радтой «Æрыгон пъæлицæйы æххуысгæнæджы» æвдисæндартæ. Йæхи æнтыстджынæй дарддæр куысты чи æвдиса, уыдоны хорзæхджын кæндзысты кады гæххæттытæй æмæ арфæйы фыстæджытæй. Фидæны сæм бирæ цымыдисаг мадзæлттæ æнхъæлмæ кæсы - пъæлицæйы кусджытимæ æмæ барадхъахъхъæнджыты оргæнты ветерантимæ фембæлдтытæ. Сараздзысты сын ерыстæ, хъæзтытæ æмæ æркæстытæ дæр. Бæрæг кæндзысты музейтæ æмæ номарæн бынæттæ. Сæ сæйрагдæртæй иу - Мемориалон комплекс «Барбашовы фæз» æмæ Мидхъуыддæгты министрады музей. Къорды бацархайыны бар ис алкæмæн дæр. Куырдиæттæ бадæттæн ис куыд лæппутæн, æфтæ чызджытæн дæр. Плиты Юля, Æрыдоны районы мидхъуыддæгты министрады хайады хицау: «Æрыгон пъæлицæйæгты æххуысгæнджыты къорд хауы нæ сæрмагонд проектмæ. Йæ сæйраг хъуыды у æнахъом сывæллæтты æдасдзинадыл архайын æмæ се`хсæн барадхæлдтытæ ма бауадзын, закъоны бындурыл сын амонын, хи куыд дарын хъæуы, уый. Уыимæ ма хъуамæ æххуыс кæной инспектортæн, скъолаты æмæ æндæр ахуыргæнæндæтты æдасдзинады домæнтæ æххæст кæнын. Ныридæгæн нæм бирæ курдиæттæ разынд. Зæрдæ дарæм, хæстæгдæр рæстæг ахæм сæрмагонд къордтæ нæ республикæйы алы скъолайы дæр кæй фæзындзæн». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Æрыгон пъæлицæйæгты æххуысгæнджыты къорд фæзынд Æрыдоны районы
Категория:
Новости и СМИ