Хуссар Ирыстоны пъæлицæйæгты чи фехста, уыцы фыдгæнджыты æрцахстой Гуырдзыстоны
Гуырдзыстоны абон æрцахстой дыууæ фыдгæнæнджы Хуссар Ирыстоны пъæлицæйы кусджыты хæцæнгарзæй чи фехта, уыдоны. Уый тыххæй республикæйы хицауадæн фехъусын кодтой æппæтадæмон æхсæнады минæвæрттæ. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады ныхæстыл æнцайгæйæ, знон Къæбысты Андрей æмæ Гæбæраты Сæрмæт Эргент хъæумæ`ввахс бахызтысты Гуырдзыстоны арæнтæм. Ныртæккæ сæ æрцахстой. Куыд æй зонæм, афтæмæй сæ иу у цæф. Ныр Хицауад хъуамæ уынаффæ рахæсса, цæмæй фыдгæнджыты Хуссар Ирыстонмæ ракæной. Барадхъахъхъæнджытæ сæ æнæхъæн æхсæв агуырдтой. Раздæр ма уын куыд хъусын кодтам, афтæмæй, ацы æвирхъау цау æрцыд Цхинвалы районы, Залды хъæуы. Къæбысты Андрей фарон аз, сæрды, алыгъд Мидхъуыддæгты Министрады изоляторæй. Æрæджы фæзынди бæлвырд информаци, кæцы ран ис, уый тыххæй. Пъæлицæйæгтæ уыцы бынатмæ фæтагъд кодтой, æрцахсой йæ зæгъгæ, фæлæ барадхъахъæнджыты ныхмæ æрлæууыди æндæр нæлгоймаг дæр - Гæбæраты Сæрмæт. Уым хæцæнгарзæй фæцæф ис. Бынатæй алыгъдысты æмæ арæнтæм хæстæг, хъæды смидæг сты. Бафтаудзыстæм ма уый æмæ Къæбысты Андрейы азымджын кæнынц адæмы кæй давта æмæ уый тыххæй æхца кæй домттта, уымæй. Йæ азымыл басаст. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хуссар Ирыстоны пъæлицæйæгты чи фехста, уыцы фыдгæнджыты æрцахстой Гуырдзыстоны
Категория:
Новости и СМИ