Мидхъуыддæгты министр Михаил Скоковы равзæрстой æхсæнад «Динамо» регионалон хайады сæрдарæй

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

4 просмотра

7 лет назад

Мидхъуыддæгты министр Михаил Скоковы равзæрстой æхсæнад «Динамо» регионалон хайады сæрдарæй. Снысан æй кодтой 21-æм æвзарæн конференцийы. Архайдтой дзы министрадты æмæ ведомствоты разамонджытæ, алыхуызон делегациты минæвæрттæ æмæ æндæр кадджын уазджытæ. Æмбырды Æппæтуæрæсеон физкультурон-спортивон æхсæнады куыстæн хатдзæгтæ скодтой. Сæрдары хæдивæг Дзитойты Валерий куыд радзырдта, афтæмæй 2018-2019 азты «Динамо»-йы хъæппæрисæй арæзт æрцыд 40 спортивон ерысы, 15 сывæллæттæн. Уыдоны`хсæн æрвылазон спартакиадæтæ, рог атлетикæйæ эстафетæтæ, номарæн чемпионаттæ. Фыццаг хатт нæ республикæйы сарæзтой къахдзоныгътыл бырынæй ерыстæ дæр. Ныртæккæ Цæгатирыстойнаг «Динамо»-йы сконды ис барадхъахъхъæнджыты æмæ паддзахадон уагдæтты минæвæртты 26 спортивон къорды. Æдыппæтæй - 9 мин адæймаджы. Уыдон æмхъæлæсæй æхсæнады ног сæрдарæй снысан кодтой Михаил Скоковы. Министр ныфс бавæрдта, профилон ведомство дарддæр дæр æмгуыст æмæ æххуыс кæй кæндзæн æхсæнадæн, уымæй. Динамойы ныртæккæ кусы 13 секцийы, спорты 10 хуызæй. Архайынц дзы 1 мин 100 сывæллоны. Ахуыр сæ кæнынц 14 дæсны тренеры. Сывæллæты хсæн спорт æмæ æнæниз царды уаг парахат кæнын – сæ сæйраг хæсыл нымайынц. Уый тыххæй æхсæнад æмгуыст кæны куыд мидхъуыддæгты, афтæ физкультурæ æмæ спорты министрадимæ, стæй Дзæуджыхъæуы администраци, ребилитацон центр «Алания» æмæ «Стимул» спортивон скъолаимæ. Конференцийы кæронбæттæн схорзæхджын кодтой 2019 азы спартакиадæйы хуыздæрты. Михаил Скоков сын балæвар кодта кады гæххæттытæ æмæ кубоктæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Мидхъуыддæгты министр Михаил Скоковы равзæрстой æхсæнад «Динамо» регионалон хайады сæрдарæй

Категория:

Новости и СМИ