Аивады куырдадзы
Национ музейы байгом зындгонд нывгæнæг Дзанайты Азанбеджы сфæлдыстадон равдыст. Мадзал сарæзтой нывгæнæджы 100 азы юбилейы кадæн. Экспозицийы фенæн ис Дзанайты Азанбеджы 133 куысты. Сæ фылдæр хай райстой национ æмæ Тугъанты Махарбеджы музейтæй, стæй хицæн адæймæгты æмбырдгæндтæй. Дзанайты Азанбеджы курдиат уыд ирд æмæ алывæрсыг. Уый бæрæг у йæ графикон куыстытæй, нывтæ æмæ скульптурæтæй. Нывгæнæджы куыстытæн сæ фылдæры æвдыст цæуынц Нарты кадджыты хъайтартæ, Алайнаг истори, Граждайнаг æмæ Фыдыбæстæйы Стыр хæстыты цаутæ. Авторы 60 нывæй фылдæр адæм фендзысты фыццаг хатт. Равдыстмæ сæрмагондæй бацæттæ кодтой Дзанайты Азанбеджы куыстыты каталог дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Аивады куырдадзы
Категория:
Новости и СМИ