Æдтæф бонтæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

9 лет назад

Ногиры цæрджытæ та хъаст кæнынц, æнтæф бон сæ хæдзæртты рудзгуытæ æппынæдзух фидар æхгæдæй кæй дарынц, ууыл. Канализацийæ цы смаг кæлы, уый цæрджыты мары. Сæ хъуыдымæ гæсгæ дзы æрмæст къæвдаты дон не`мбырд кæны. Цы ма дзы бамбийы æмæ кæцæй кæлы, уымæн та бæлвырдæй ницы зонынц. Ацы фарста куыд аиуварс кæнæн ис, уый сбæрæг кæныныл бакуыста не сфæлдыстадон къорд. Кæцæйдæр доны сæр-сæр цæуы, адæймагмæ афтæ фæкæсы æмæ хæстæг цæугæдон ис. Фæлæ уый тæрккъæвдайы фæстæ канализацимæ цы дон цæуы, уый хъæр у. Уыимæ сæ доны хъæр дæр уый бæрц нæ тыхсын кæны, фæлæ йæ тæф. Къæвдадон ахæм тæф кæны, уый Ногиры цæрджыты нæ уырны. Ахæм смаг дзы цæмæ ис, уый цæрджытæ не`мбарынц, Алчидæр сæ æмбары къæвдадон афтæ тæф кæй нæ кæны, уый. Гуырысхо кæнынц Архонсæмæ соса фæндагыл цы доны хæтæлтæ цæуынц, уырдыгæй, кæнæ цæрджыты æмæ амалхъом адæмы куыстуæтты канализацион системæтæй кæй кæлы, уымæй. Ахæм хъуыдымæ хуымæтæджы не`рцыдысты. Æрмæстдæр къæвдатæй дон куы æмбырд кодтаид, уæд цалдæр хур бонмæ бахус уыдаид. Фæлæ ам дон размæ гуылфы, уыимæ ма арæх сырх у. Уый нæ, фæлæ ма вæййы афтæ дæр æмæ арвырдыны алы хуызтæй цæхæртæ скалы. Ногиры администрацийæн хъуыддаг æнæзонгæ нæу. Куыд æмбарын кæнынц, афтæмæй уавæр уый тыххæй афтæ у æмæ Терк йæ донвæд аивта. Уæдæ йæм чъизитæ дæр дæсгай азты калынц. Раздæр иу хæтæлтæй цы дон рацыд, уый иу Теркы донимæ баиу ис. Ныр та йæ кæцыдæр хай цæрæн хæдзæрттæм хæстæг æмбырд кæнын райдыдта. Ацы фарста куыд аиуварс кæнæн ис, уый Ногиры администрацийы нæ зонынц. Фæнд кæнынц республикæмæ разамынды æххуыс бацагурын, цæмæй коллекторы дæргъ фæфылдæр кæнынæн фæрæзтæ радих кæной, уый тыххæй. Иннæмæй та ма ис æндæр фарста дæр - доны ис æнæниздзинадæн тæссаг буаргъæдтæ æмæ, цалынмæ фыдбылызмæ нæ расайдтой, уæдмæ сæ ссыгъдæг кæнын хъæуы. Фарстамæ бæстон цæст дарын райдыдта Уæрæсейы æрдзмæ цæстдарæн хайад. Ведомствæйы куыд фехъусын кодтой, афтæмæй завод "Крон"-ы коллектор афтæ конд у æмæ сæ чъизи дон уынгмæ æмæ Теркмæ кæыл.Фæлæ куыстуаты разамынд, ахæм хатдзæгтимæ разы нæй. Куыд зæгъынц, афтæмæй алыхуызон доны лæсæнтæм ницы бар дарынц. Аххосджын чи у? Уыцы фарстайæн дзуапп радтæн уыдзæн Уæрæсейы æрдзмæ цæстдарæн хайад цы сæрмагонд экспертизæ кæны, уый с хатдзæгтæм гæсгæ. Эксперттæ сбæрæг кæндзысты доны цавæр буаргъæдтæ ис æмæ цас тæссаг сты, уый. Уæд сын бар уыдзæн закъонхалджытимæ æмæ æрдз чи сафы, уыдоны æфхæрын. Æхцайæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Æдтæф бонтæ

Категория:

Новости и СМИ