Дæсныйады кад

2 тыс. подписчиков

12+
12+

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

9 лет назад

Кусæн дæсныйадтæ та ногæй парахат кæнынц. Азæй азмæ фылдæр æрыгæттæ ахуыр кæнынц æндадзджытæ, электриктæ æмæ хæринаггæнджытыл. Уымæй уæлдæй ма фæсивæд зæрдæргъæвдæй чемпионат WorldSkills-ы архайынц. Не 'рыгæттæ та æнтыстджынæй кæй рамбылдтой республикон æмæ уæрæсейаг конкурсты, уый тыххæй Æрыдоны байгом кодтой дыууæ дæсныйадыл ахуыр кæныны центртæ. Сæ уавæр нырыккон домæнтæн дзуапп дæтты æви нæ, уый базыдтой мæскуыйаг специалисттæ, стæй не сфелдыстадон къорд. Кусæн дæсныйæдтæм æрыгæтты цæстæнгас раздахын æмæ бæрзонд профессионалон стандартты райрæзтæн хъæугæ фадæттæ аразын. Ахæм у цæдис WorldSkills-ы сæйраг хæс. Кусы æдæппæтæй 6 азы. Æмæ уыцы рæстæг æмгуыст кæны Цæгат ирфстонимæ. Ныртæккæ нæ республикæ ссыд ног къæпхæнмæ - арæзт цæуынц дæсныйад райсыны сæрмагонд центртæ. Цы уавæры сты, уый та сгары Мæскуыйаг къамис. Абоны бæстыхай басгарынмæ специалисттæ сæхæдæг кæй æрбацыдысты, уый у аккредитацийы фæстаг къæпхæн. Æппæтдунеон домæнтæн дзуапп дæттынæн хъæуы фыццаджыдæр хорз кусæнгарз. Рагагъоммæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, нæ цехтæ сæ фæлварæнтæ ацыдысты æнæ къуылымпыйæ. Дарддæр ма сæ хъæудзæн сæ гæххæттытæ бацæттæ кæнын. Дæсныйад сахуыр кæныны центртæ дзы ис дыууæ. Базонæн дзы ис æндадзæн технологитæ æмæ ирон чъиритæ куыд фыцын хъæуы, уый. Дыккаг сарæзтой хæрз æрæджы, фæлæ тынг парахат у нæ бæстæйы регионты. Ныридæгæн цалдæр азы ирон чъиритæ фыцынæй арæзт æрцæуынц чемпионаттæ дæр. Дыууæ дæсныйадыл дæр ахуыр кæнынц студенттæ. Колледжæн у тынг вазыгджын, æцæг æрмдæснытæ æмæ специалисттæ бацæттæ кæнын. Кусæн дæсныйадты разæй интеллектуалон куст равзарын æртæккæ ахсджиаг нал у. Ууыл ам дызæрдыг нæ кæнынц. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Дæсныйады кад

Категория:

Новости и СМИ