Проект «Новая Осетия» сарæзта арæзтадон къордтæ
Джыккайты Шамилы номыл уынджы цы ног скъола ис, уый ахсджиаг социалон объектыл нымад у. Уый æмбарынц арæзтадон къордтæ дæр. Се`хсæн Абайты Зауыр дæр. Ахуырæй куыд дæр ссæрибар вæййы, афтæ йæ фæндаг ракæны ардæм. Куыд зæгъы, афæмæй зонындзинæдтæ исын хорз хъуыддаг у, фæлæ сæ куысты пайда кæнын, та уымæй хуыздæр. Ахæм фадат та, йæ ныхæстæм гæсгæ, æнцон ссарын нæу. Заур Абаев, Цæгат Кавказы хæххо-метæлургон институты архитектурон-арæзтадон факультеты 4-æм курсы студент: «Мæн сцымыдис кодта, ам бафæлварын мæхи. Мæнмæ гæсгæ алы хуызон арæзтады кусын сдуенттæн пайда у. Уæлдай дæр дæсныйад бæрзонддæр кæнынæн». Цæмæй фæсивæд сæ арæхстдзинад арæзтадон куыстыты æвдисой, уый фарс хæцы нæ республикæйы арæзтад æмæ архитетурæйы министрад. Куыстытæ куыд æххæтгонд цæуынц, уымæй цæ цæст дары профилон министрады разамонæг йæхæдæг. Цы фены, уыймæй разыйæ баззайы. Касаты Таймураз, РЦИ-Аланийы арæзтад æмæ архитектурæйы министр: «Мæнмæ гæсгæ ахæм куыст парахат кæнын хъæуы. Ууыл фидæны бацархайдзыстæм. Фæсивæд бынаты куы куса, йæ зонындзинæдтæ практикæ кæй конынц, уым куы æвдиса, уæд рæхсджы йæ дæсныйды бæрзæнддæм схиздзæн». Ахæм сæрмагонд куыст цæуы республикон программæйы фæлгæты - «Наша Осетия», зæгъгæ. Арæзтадон къорды архайджытæ ма æххуыс кодтой Планетарий цалцæг кæнынæн. Уый рацарæзт дæр нæ республикæйæн уæлдай ахсджиаг у. Æххæстæй цæмæй ацы æрыгон адæмы уыцы арæзтадмæ бавналой, уый тыххæй сын нырма фæлтæрддзтнад нæ фаг кæны. Арæзтадон къордтæ Цæгат Ирыстоны фæзындысты 10 азы размæ. Ахуыр сæ кæнынц Цæгат Кавказы Хæххон- Металлургон Институты. Студенттæ канд нæ республикæйы ахæм куыст нæ кæнынц. Арæзтадон куыстытæм абалц кæнынц Уæрæсейы æндæр регионтæм. Зæгъæм, Норильскмæ. Фидæны та ноджы уæрæхдæр фæндтæ ис. Зураб Майранцаев, æппæтуæрæсеон æхсæнадон организаци «Российские студенческие отряды»-йы Цæгатирыстойнаг регионалон хайады разамонæг: «2020-æм азмæ пълан кæнæм, цæмæй нæ республикæйы цы арæзтадон къордтæ ис, уыдон фылдæр кæной. Уæлдай æргом здахдзыстæм, цæмæй æрмæст ам нæ, фæлæ æндæр горæтты дæр кусой». Ныртæккæ ног скъола кæм аразынц, уым фыдæбон кæнынц 10 студенты. Сæрдыгон улæфæн рæстæг, сæ нымæц фылдæр уыд. Архайдтой дзы Хæххон металлургон техникумы студенттæ дæр. Фæлæ ныр ахуырадон аз райдыдта æмæ кусынмæ стæмтæ баззадысты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Проект «Новая Осетия» сарæзта арæзтадон къордтæ
Категория:
Новости и СМИ