Хъæууон хæдзарады райрæзт
Абон нæ равдысты афæлхæсдзыстæм куыд хабæрттыл, афтæ дзурдзыстæм цы сæйраг темæ снысан кодтам, ууыл. Хъæууон хæдзарад. Дызæрдыккаг нæу - Цæгат Ирыстон кæм ис - уым хъæууон хæдзарад дæр. Нæ республикæ ацы къабазы нымад у Уæрæсейы раззагдæр регионтæй иуыл. Зæххы куыст, хоры, халсарты æмæ дыргъты. Аллырдæм дæр гæппыввонгæй лæууæм. Æмæ уый хорз у! Агропромышленнон комплексы сæйраг хæс ныртæккæ у - хи кондад фылдæрæй фылдæр кæнын. Бынæттон продукцийы рæзтыл бæстонæй бакусын. Уый тыххæй ис сæрмагонд программæ. Къабаз рæзы. Мæнæ ма ацы бæрæггæнæтæм бакæсут. Хъæууон хæдзарады программæмæ гæсгæ уæлдай æргом аздахын хъæуы лæстæгвосы куыст кæнынмæ. Йæ сæххæст кæныны тыххæй, пайда кæнынц Алагиры, Горæтгæрон æмæ Æрæфы районты зæххытæй. Хизæнуæтты иумæйаг фæзуат хъуамæ схæццæ кæной 20 мин гектармæ. Уымæй уæлдай, пъланмæ гæсгæ, хъуамæ адих кæной зæххыты 8 мин гектары - хосгæрдæнтæн. Дарддæр ма бакæсæм къабазы цы бæрæггæнтæ ис, уымæ. Республикæйы Хъæууон хæдзарады министрад равзæрста, программæйы чи архайдзæн, уыцы фермерты. Программæйы бюджет 5 азмæ у 308 милуан сомы. Уыдон сты федералон æмæ республикон æхца, стæй ма фосдарджытæн сæхи фæрæзтæ. Ацы аз пъланмæ гæсгæ, уыцы æхцатæй хардзгонд æрцæудзæн 61 милуан сомы. Куыстытæ райдайдзысты сентябры. Уæлдай ахсджиаг у - чысыл фермертæн баххуыс кæнын. Хи хæдзарады куыст чи кæны, уыдоны рæзтæн, ацы аз, Грантты хуызы радих кæндзысты 130 милуан сомы. Уый 70 милуанæй фылдæр, фарон азимæ абаргæйæ. Ацы аз ма ноджы фæфылдæр уыдзысты. Паддзахадон программæйы æмæ инвестициты руаджы йæм бафтаудзысты 480 милуан сомы. Гъер, цæмæй грант райсай, уый тыххæй хъæуы сæрмагонд конкурс рамбулын. Бирæтæн бар ис кредит льготæтæм гæсгæ райсын дæр. Уый тыххæй та, фыццаджыдæр, хъæуы иннæтæй хуыздæр уæвын. Стæй хæдзарад цы пайда хæссы, уый равдисын. Хуыздæрты сбæрæг кæныны нысанимæ республикæйы хъæууон хæдзарады министр Уазиты Хъазыбег зилы районтыл æмæ кæсы хæдзарæдты куыстмæ. Фылдæр æргом здахынц фермеры куыст кæнын нырма ныр чи райдыдта, уыдонмæ. Хъæууон хæдзарады инвестициты бæрц, паддзахадон æххуысимæ, иннæ азимæ абаргæйæ фæфылдæр 464 милуан сомы æмæ сси 1,6 млрд рублей. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хъæууон хæдзарады райрæзт
Категория:
Новости и СМИ