Аивæдты факультеты абитуриенттæ радтой фæлварæнтæ
Æмбæлгæ хæйттæ бацæттæ кæнын, мидис æмæ формæ равдисын. Аивæдты факультеты абитуриенттæ радтой фæлварæнтæ. Ахсджиаг уыд ма фæтыхсын æмæ æппæт æнкъарæнтæ куыстыты равдисын. Ацы æууæлтæм гæсгæ фæлтæрдджын ахуыргæнджытæ аргъ кодтой æвзонг фæсивæдæн. Æвзарæн къæпхæн бабæрæг кодта не сфæлдыстадон къорд дæр. Цавæр домæнтæ ма уыд фидæны дæснытæм, уый тыххæй нæ дарддæры æрмæг. Аудиториты у тынг сабыр, раст ма четæныл нывгæнæн гарз куыд æндзæвы уый дæр хъуысы. Фæсивæд арф хъуыды кæнынц сæ архайдыл. Уæвгæ ацы дæснайад чи равзары, уый хуымæтæджы нæ вæййы. Фидæны нывгæнджытæ сæ фæндаг аивадимæ сбæтдзысты, уый рагагъоммæ сбæрæг кæнынц. Алыхуызон уæлæмхасæн курсытæ æмæ нывкæнынады скъолайы ахуырад та сын æххуыс вæййы фидæны сæйраг хæс сæххæст кæнынæн - уæлдæр ахуырад райсынæн. Абитуриенттæ ныв кæнынц алы жанрты. Мæнæ астæуккаг æнус рæсугъд галуан æмæ йæ цæрджытимæ. Ай та æрмæст сау æмæ урс хуызимæ дунемæ балц. Се сфæлдыстады сын арæнтæ нæй. Сæйрагдæр у арф хъуыды æмæ парахат миддуне. Тъехты Алендæ йæ царды ахсджиаг хайыл нымайы нывкæнынад, тынг уарзы цы куыст кæны, уый. Тъехты Алендæ йæ куыстыты алывæрсыг хъуыдытæ бавæры. Уæдæ архайгæ дæр алы техникæты кæны. Къамисы уæнгтæ дæр бæстонæй кæсынц фæсивæды архайдмæ. Бæлвырдæй хатдзæгтæ скæнынц сæ дæсныйадæн. Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты нывкæнынады кафедрæйы сæргълæууæг Басаты Олег куыд зæгъы, афтæмæй абитуриенттæй алкæмæн дæр ныридæгæн ис йæхи æрмдзæф. Экзаментæ ныкæнынады кафедрæмæ вæййынц 3 боны дæргъы. Фыццаг дыууæ боны фæсивæды фæхъæуы сæххæст кæнын хæслæвæрдтæ. Æртыккаг бон та - хибар темæ. Ам сфæлдастыдон лæппутæ æмæ чызджытæн фадат вæййы сæ куыстыты руаджы сæ профессионалон зонындзинæдтæ æмæ сæ миддуне раргом кæнынæн. Абитуриенттæн ис æдæппæтæй 15 бынаты - 10 бынаты бакалавриат æмæ 5 бынаты специалитет. Нывкæнынады скъолаты рауагъдонтæн æмæ профилон колледжыты студенттæн ис фылдæр гæнæнтæ иттæг хорз бæрæггæнæнтыл сæ фæлварæнтæ радтын. Фæлæ факультеты æнхъæлмæ кæсынц се 'ппæтмæ дæр. Сæйраг у цы архайд равзæрстай, уый зæрдæйæ уарзын.