Бындурон цалцæджы фæстæ байгом Фæсивæлы галуан

Фæсивæды йæхимæ чи 'лвасы, ахæм историон бынат. Ацы ныхæстæй премьер Дзанайты Барис райдыдта Фæсивæдон галуаны йæ балц. Æрæджы бæстыхай байгом кодтой бындурон цалцæджы фæстæ. Егъау рацарæзтæн рахай кодтой 106 милуан сомæй фылдæр. Базылдысты концертон æмæ кафæн залтæм, сæрмагонд агъуыстытæм. Зæронд хæрæндоны бæсты та ам ис фæлладуадзæн бынат æмæ фудкорт, баивтой хъармгæнæн системæ, сног кодтой рухсдæттæн æмæ акустикон системæтæ. Ног æмæ уæрæх бæстыхай æмæ сценæйы 'руаджы фæсивæдон студи "Амыран" тагъд рæстæджы аивадуарзджыты зæрдæтæ хъæлдзæг кæндзæн ирд премьерæтæй. Аиуварс кæнын бантыст бирæ азты лыггæнинаг фарста. Æппæт агъуыстытæ дæр баивтой сплит-системæ. Кондиционерты руаджы ныр ам хорз уавæртæ уыдзæн цыфæнды боныхъæды дæр. Уæлдай æргом Дзанайты Барис аздæхта зынгсирвæзты ныхмæ æдасдзинадмæ æмæ эвакуацийы пъланмæ. Премьер разыйæ баззад ног уавæртæй. Куыд фæнысан кодта, афтæмæй хицауад дарддæр дæр архайдзæн фæсивæдæн æмбæлгæ уавæртæ аразын. Æдæппæтæй Фæсивæды сфæлдыстады галуаны кусы 20 алыхуызон къорды, архайы дзы 800 адæймаджы 5-æй 45 азы онг кæуыл цæуы, уыдон.

Иконка канала IRYSTONTV
1 456 подписчиков
12+
12 просмотров
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии