Медицинон хос «прегабалин», хонынц ма йæ «лирикæ», бахауд сæрмагонд хыгъдмæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

5 просмотров

7 лет назад

Медицинон хос «прегабалин», хонынц ма йæ «лирикæ», бахауд сæрмагонд хыгъдмæ. Уæрæсейы хицауад æй бахаста тыхджын хосты номхыгъдмæ, æмæ йæ æнæзакъон зилдухы тыххæй æфхæрдзысты уголовон хуызы. Оперативон мадзæлтты рæстæг рабæрæг, препаратæй æрыгон фæлтæр арæх пайда кæнын кæй райдыдта, уый. Нæ сæ уромы хосы аргъ дæр. Уæлдай æхца бакусыны азарæй йæ фармацевттæ æнæзакъонæй дæр ауæй кæнынц. Ахæмты ныхмæ тох кæнын хъæуы бæрнон кусджыты æххуысæй. Сæ иу Уæрæсейы хицауады ног бадзырд. Æнæзакъонæй «лирикæ» чи парахат кæна, уыцы знаггадгæнджытæ дзуапп дæтдзысты Уæрæсейы уголовон кодексы 234-æм уацмæ гæсгæ. «Прегабалин» буаргъæд медицинæйы æххуыс у буары æлхынцъы ныхмæ. Дзæбæх кæны невропатион рызт æмæ эпилепси. Æнæбары йыл адæймаг цыбыр рæстæгмæ ацахуыр вæййы. Ис ын психотропон æмæ наркотикон миниуджытæ. Йæ ахæсты чи бахауы, уыдонæн æнæ хосæй вæййы зын. Бирæтæ свæййынц æгъуыссæг æмæ хъуынтыз, фæкæнынц катай. Фæстаг 5 азы «Лирикæ»-йæ пайдагæнджытыл бафтыд. Æнувыддæр ыл чи у, уыдон рад ралæууынц афтектæм. Уæлæнгай æхцатæ кæй хъæуынц, уыцы сæрмагонд «афтектæ» дæр «нæ», нæ фæзæгъынц. Бирæтæ дзы фæхъæстæ вæййынц. Цалдæр азмæ рынчындонмæ бахауд 27 адæймаджы. Пъæлицæйы кусджытæ радон хатт сидынц адæммæ, цæмæй уой къæрцхъусдæр, сæ æнахъом сывæллæттæ цы мигæнæг сты, уымæ фылдæр æргом здахой. «Лирикæ» æнæзакъонæй чи уæй кæна, уымæ та æнхъæлмæ кæсы ахæстоны 8 азы онг фæбадыны тæрхон. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Медицинон хос «прегабалин», хонынц ма йæ «лирикæ», бахауд сæрмагонд хыгъдмæ

Категория:

Новости и СМИ