Ног цæрæнуæттæ
Цæгат Ирыстоны дарддæр æххæст кæнынц «Кæлæтдзаг хæдзæрттæй адæмы хуыздæр уавæртæм ракæныны» программæ. Республикæйы районты ног хæдзæртты аразынц. Арæзтадон куыстытæн сæ алы къæпхæны дæр ис сæрмагонд домæнтæ. Куыд æххæстгонд цæуынц, уымæ сæ цæст дарынц Æппæтуæрæсеон Адæмон фронты уæнгтæ. Сæ сæйраг хæс- паддзахадон программæ куыд æххæстгонд цæуы, уый сбæрæг кæнын. Объекттæ бабæрæг кодта не сфæлдыстадон къорд дæр. Дур дурыл æвæргæйæ арæзт цæуы бирæуæладзыгон хæдзар. 5 уæладзыджы, 4 бацæуæны æмæ 60 фатеры. Уыдонæй 50 сты цæрæнуæтты коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министрады. Ног фатерты æрцæрдзысты Беслæны, Фриаты номыл уынджы цæрджытæ. Ног цæрæнуæттæ райсдзысты «Кæлæтдзаг хæдзæрттæй адæмы хуыздæр уавæртæм ракæныны» программæйы фæлгæты. Бынæттон хицауад фæнд кæны ам ног микрорайон саразын. Цæттæ у сывæллæтты рæвдауæндон дæр. Аразын ма хъæуы скъола æмæ поликлиникæйы бæстыхæйттæ. Ацы программæйы фæлгæты Æрæфы районы, Советон поселоччы афæдзы кæронмæ амад фæуыдзæн æртæуæладзыгон хæдзар. 12 фатерæй дæр 10 уыдзæн цæрæнуæтты коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министрады исбоны. Куыстытæ цæуынц рæстæджы æмгъуыдмæ. Объектæм сæ цæст дарынц Æппæтуæрæсеон адæмон фронты уæнгтæ. Æхсæнадон кусджытæн уый бахæс кодта Уæрæсейы Федерацийы президент. Куыстытæ цы уавæры сты уымæ 2012 азæй нырмæ ис сæрмагонд цæстдард. .«Кæлæтдзаг хæдзæрттæй адæмы хуыздæр уавæртæм ракæныны» программæйы архайынц Алагиры, Мæздæджы æмæ Рахизфарсы районтæ. Алагиры æмæ Мæздæджы районты цæрджытæн бар ис ног арæзт хæдзæртты нæ, фæлæ раздæр арæзт хæдзæрдты фатертæ райсын, кæнæ та хæдзар цæй аргъ у, уый бæрц æхца. Æппæтуæрæсеон адæмон фронты уæнгтæ дарддæр дæр бæрæг кæндзысты объектты уавæр. Сæ сæйрагдæр хæс хъæндзинæдтæ афойнадыл рабæрæг кæнын. Цæмæй сæ аиуварс кæнынæн рæстæг уа, уый тыххæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Ног цæрæнуæттæ
Категория:
Новости и СМИ