Слестгæнæн комитеты хаттдзæгтæ
Цæгат Ирыстоны слестгæнæн комитет тæрхондонмæ арвыста 180 уголовон хъуыддаджы. Уагдоны æрныхас кодтой 2019-æм азы фыццаг 6 мæйы хатдзæгтыл. Снысан кодтой пълæнттæ æмæ хæстæ азы дыккаг æрдæгмæ дæр. Ацы аз управленийы уыд 864 уголовон хъуыддаджы. Уыдонæй тæрхондонмæ æрвыст æрцыд 180 хъуыддаджы. Слестгæнæн комитеты кусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй уæлдай цæстæнгас здахынц гæртæмттæ исынимæ тохмæ. Бæрæггæнæнтæм гæсгæ, арæх бæрнон кусджытæ сæ бартæй цас æмбæлы, уымæй фылдæр спайда кæнынц. 2019-æм азы фыццаг æрдæг слестгæнæн управлени байгом кодта 60 уголовон хъуыддаджы гæртæмттæ исыны фæдыл. Уыдонæй 20 арвыстой тæрхондонмæ. Ацы закъонхæлдтыты тыххæй уголовон хъуыддæгтæ байгом кодтой 4 бæрнон кусæгыл. Слестгæнæн управлени ма æнтыстджынæй бакуыста ивгъуыд азты цы закъонхæлдтытæ æрцыд, уыдон раргом кæныныл. Бантыст сын 16 закъонхæлды раргом кæнын. Уыдонæй 5 арвыстой тæрхондонмæ. Се 'хсæн лæгмæрдтытæ, фæлитой митæ æмæ æндæр закъонхæлдтытæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Слестгæнæн комитеты хаттдзæгтæ
Категория:
Новости и СМИ