Хъæбатырдзинады урок
Йæ уд йæ Фыдыбæстæйы сæраппонд чи ратты, уый патриот хуымæтæджы нæ хонынц. Ахæмтæ Ирыстоны чысыл не сты. Фыдыбæстæйы Стыр хæст - уымæн æвдисæн. Ацы аз 2-æм февралы Сталинграды тохы Советон Цæдисы адæм хъæбатырæй горæт куы бахъахъхъæдтой, ууыл æххæст кæны 75 азы. Уыцы тохы Ирыстонæй архайдтой 5 мин адæймаджы. Абон сын 44-æм скъолайы сæ рухс нæмттæ æрæмысыдысты. Сæ бæрæгбон ма бабастой Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бонимæ. Бæлвырддæр хабæрттæ - нæ дарддæры æрмæджы. Цæгат Ирыстоны æппæтуæрæсеон адæмон фронты регионалон хайады уæнгтæ Дзæуджыхъæуы 44 скъолайы хистæр кары скъоладзаутæн сарæзтой хъæбатырдзинады урок. Сбастой йæ Сталинграды тохы Советон Цæдисы хæтонты уæлахизы 75 азы бонимæ. Фембæлдмæ æрбацыдысты ветеранты Цæдисы æмæ æхсæнадон куыстуæтты минæвæрттæ. Скъоладзаутæн урочы фæлгæты равдыстой зындгонд режиссер Вахтанг Мекеладзейы документалон киноныв "Умереть в Сталинграде". Автор дзы ирдæй равдыста Фыдыбæстæйы Стыр хæсты тæккæ егъаудæр тох. Немыцаг удхортæн дзы ныккодтой бæрзæйсæттæн цæфтæ. Фембæлд саразджыты хъуыдымæ гæсгæ, ацы темæйæн скъолайы программæйы бирæ сахæттæ нæй. Уый тыххæй фæнд кæнынц ахæм урокты нымац сарæх кæнын. Ахуырдзауты цæстæнгасæй бæрæг уыд, сæ зæрдæмæ кæй цæуы. Цы базыдтой, уый хъуамæ сæ зæрдыл бадарой. Сталинграды бынмæ фæмард сты 5 мин ирон патриоты. Уыдонæй 18 райстой Советон Цæдисы Хъæбатыры ном. Æрвылаз нæ республикæйы ветеранты Цæдисы минæвæрттæ бабæрæг кæнынц Мамаев курган. Фарон дзы майы Ирыстонæй минæвæрттæн байгом кодтой номарæн цырт. Кæстæр фæлтæр хъуамæ зона фыдæлты сгуыхтыты тыххæй. Афтæмæй фидар кæны фæлтæрты бастдзинад. Æрмæстдæр уыцы уавæрты схъомыл вæййынц æцæг патриоттæ. Гæззаты Зæринæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Хъæбатырдзинады урок
Категория:
Новости и СМИ