Цæгат Ирыстоны райдыдтой экологон æдасдзинадыл тох кæныны æппæтуæрæсеон бонтæ
Адæм бацархайынц сæ алфамблай фæрайдзастдæр кæныныл. 15-æм апрелæй 5-æм июнмæ республикæйы саразынц зиутæ æмæ æндæр акцитæ æрдз бахъахъхъæнынæн. Уыцы мадзæлтты фæрцы республикæйы æрæмбырд кæнынц сæдæгай голджытæ бырон. Акци аразджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй сæ хæс у, нæ алыварс æрдз хъахъхъæнын кæй хъæуы, уый равдисын. Æрдзон хъæздыгдзинæдтæ нæ Ирыстоны бирæ ис, æмæ сæ фидæн аразгæ у нæхицæй. Акциты фæархайынц æрдз хъахъхъæныны министрадтæ æмæ кусæндæтты фæллойгæнджытæ, æхсæнадон иугæндты минæвæрттæ. Экологон æдасдзинадыл тох кæныны æппæтуæрæсеон бонтæ бæрæг кæныны хъуыды фæзынд Кузбассы 1993-æм азы. Йæ фарс рахæцыдысты æхсæнадон организацитæ. Дыууæ азы фæстæ акцийы архайдтой Уæрæсейы æппæт субъекттæ дæр. 1996-æм азы Уæрæсейы хицауад официалон æгъдауæй ныффидар кодта ацы бæрæгбон. Цыбыр рæстæджы фæстæ бæрæгбон апарахат æгас зæххы къорийыл. Экологон æдасдзинадыл тох кæныны бонты ма фæбæрæг кæнынц: Зæххы къорийы Æппæтдунеон бон, радиацион фыдбылызты хъыгдард чи баййæфта, уыдоны бон, Сывæллæтты æппæтдунеон бон æмæ æрдзхъахъхъæныны бон. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны райдыдтой экологон æдасдзинадыл тох кæныны æппæтуæрæсеон бонтæ
Категория:
Новости и СМИ