Техникон фæрæзтæ æмæ хойраджы радон парти Цæгат Ирыстонæй арвыстой сæрмагонд æфсæддон операцийы
Техникон фæрæзтæ æмæ хойраджы радон парти Цæгат Ирыстонæй арвыстой сæрмагонд æфсæддон операцийы бынатмæ. Запорожьейы облæсты гуманитарон центрæй арæзтадон æрмæджытæ, техникон фæрæзтæ, фæцæрынæн фыццаградон хъæугæ гæрзтæ фæхæццæ кæндзысты батальонтæ «Алани» æмæ «Шторм Осетия»-мæ. Гуманитарон уæз арвитыны хæс сæвæрдта республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло. Дзауматæй пайда кæндзысты республикæйæ иннæ æфсæддон дæлхайæдтæ дæр. Хæлцады цалдæр тоннæйы, генератортæ, пецтæ, хъарм уæлæдарæс, æфсæддонты ахсджиагдæр цы хъæуы, æппæт уыцы фæрæзтæ æрвыст æрцыдысты Мелитопольмæ. Уымæй уæлдай ма Цæгат Ирыстонæй арвыстой дронтæ-камикадзе «Узурпатор»-ты 50 иуæджы, уыдонæй æфсæддон хайæдты æнтыстджынæй пайда кæнынц цыппар мæйы дæргъы.