Весеннийы уынджы адæмы цæст æрхæцыд гом люкыл

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

Бæрнон кусджытæ кæдæм кæсынц, зæгъгæ, ахæм комментаритæй уайдзæф кæнынц социалон хызæг Инстаграмы пайдагæнджытæ. Ахæм маст сæ бауагъта, Весеннийы уынджы гом люк куы федтой, уæд. Бæлвырд нæу, фæлæ та уый дæр знаггадгæнджытæ атыффыт кодтой, чи зоны. Адæм сæ хъæстытæ ныффыстой видеойы бын, комментариты. Сæ маст фыццаджыдæр калынц, згъæр чи давы æмæ йæ чи æлхæны, уыдоныл. Бынæттон цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй фистæгæй цæуджыты фæндаджы сæрты хизгæйæ хи æрмæст хæдтулгæтæй хъахъхъæнын нæ хъæуы. Къаддæр тасы сæ не `фтауынц гом люктæ дæр. Ныххауынæй дзы тæссаг у. Хæдтулгæ скъæрджытæн уавæр у уæлдай зианхæссæг. Фæндаггон змæлды шофыр æй уынгæ дæр нæ фæкæндзæн, афтæмæй дзы смидæг уыдзæн. Уæлдайдæр та - æхсæвыгон. Æмæ куыд рабæрæг, афтæмæй Весеннийы уынджы люк гомæй лæууы мæйæ фылдæр. Кæд æй бапълан кæндзысты, уый ничи зоны. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, згъæртæ æнæзакъонæй чи `лхæны, уыцы адæммæ карз фæстиуджытæ кæй æнхъæлмæ кæсы. Закъонмæ гæсгæ ахæстоны сæ бон у 2 азы `мгъуыдмæ сбадын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Весеннийы уынджы адæмы цæст æрхæцыд гом люкыл

Категория:

Новости и СМИ