Гуырдзыбеты Блашкайы хæдзар-музей

Ацы хæдзармæ кæсгæйæ, адæймаджы уырнгæ дæр нæ кæны, афæдз размæ ма заууат уавæры кæй уыд. Бæстыхай æвæстиатæй хъуыди бындуронæй сцалцæг кæнын. Специалисттæ ныридæгæн стыр куыст бакодтой. Базылдысты къултæм, реставраци скодтой рудзгуыты иу хайæн, дуæрттæ та ногæй сарæзтой зæронд къамтæй ист хуызæгтæм гæсгæ. Суанг ма хъæдын фæлгæттыл рагон фæлындæнтæ æмæ дурын пец бахъахъхъæнын дæр къухы бафтыд. 19 æнусы арæзт хæдзарæн хъæздыг истори ис. Уый фæдыл куыстыты рæстæг уæлдай æргом здæхтой бæстыхайы райдайæны хуыз бахъахъхъæнынмæ. Рагон дуджы уддзæф дзы куыд цæуа, уый æппæтæй ахсджиагдæр уыд. Хæдзары æрбынат кæндзысты хуыссæнуат, цæлгæнæн æмæ кусæн кабинет поэтæн йæхи дзауматæ æмæ зындгонд куыстытимæ. Кæрты ныридæгæн цыртдзæвæн сæвæрдтой, йæ фарсмæ йын ныссадздзысты стыр дыргъдон. Поэт ыл йæ уацмысты арæх фыста. Зындгонд поэт Гуырдзыбеты Блашка ацы хæдзары царди. Ам фыста æмдзæвгæтæ æмæ æмбæлыд ирон литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостаимæ. Ныр ардæм экскурситы цæудзысты республикæйы цæрджытæ æмæ уазджытæ.  Хæдзар-музей йæ дуæрттæ уазджытæн байгом кæндзæн сентябры.

Иконка канала IRYSTONTV
1 504 подписчика
12+
21 просмотр
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии