Сергей Меняйло федта куыстуат «БТК групп»-ы кондадон фæзуат
Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйло æркаст куыстуат «БТК групп»-ы кондадон фæзуатмæ. Кусæг балцы рæстæг регионы разамонæг аргъ скодта куыстуаты уавæртæн. Компани цæттæ кæны бизнесы алы къабæзтæн сæрмагонд инновацион дарæс. Фабрикæйы арæзт у кондады æгас цикл дæр: райдай дзаумæ кæрдынæй, æмæ фæуы цæттæ хуыд продукцийæ. Дзæуджыхъæуы фабрикæйы фыццаг цех байгом 2022-æм азы июлы. Абон дзы ис дыууæ цехы. Скусыны 'ввонг ма у ноджы иу. Ныртæккæ фабрикæйы кусы 170 адæймаджы. 110 дзы сты хуыйæн кусæнгарзы оператортæ, 15 та - ахуыр чи кæны уыцы куыстыл, ахæмтæ.