Бæркадджын зæхх
Цæгат Ирыстоны хъæууон хæдзарады министрады минæвæрттæ фембæлдысты Молдавийы амалхъом адæмимæ. Ныхас кодтой æнгуз зайын кæныны хъуыддагыл. Молдаваг бизнесмен Исидор Баланы ныхæстæм гæсгæ, æнгуз бæлæсты куыст кæнынæн республикæйы зæххытæ æмæ æрдзон уавæртæ иттæг хорз сты. Зæххы къорийы зæххытæй уымæн бæззынц æрмæстдæр 8%. Амалхъом адæмы фæнды æнгуз бæлæстæ 150-200 гектарыл ныссадзын. Æлхæнджыты дæр агурын нæ бахъæудзæн, бирæ сты. Æнгуз агурынц куыд Уæрæсейы алы регионты, афтæ фæсарæнты дæр. Уæвгæ, зæгъын хъæуы уый æмæ ацы куыст пайда уайтагъд не `рхæссы. Фыццаг æфтиæгтæ дзы амалхъом адæймаг райсдзæн 5-6 азы фæстæ. Специалистты ныхæстæм гæсгæ, ацы хъуыддаг хорз инвестицион проект у. Фæстаг рæстæг фæзынд термин - Супер-интенсивное садоводство. Арæхдæр дзы пайда кæнынц фæткъуыты æмæ иннæ дыргъты куыст кæнгæйæ. Фæлæ зынаргъгомау проект у. Дыргъдæтты алы гектарыл дæр дыууæ миллион æмæ 500 мин сомы бахъæуы. Æнгузтимæ æнцондæр у, уый бæрц æхца сын нæ бахъæудзæн. Гектарæн 600-700 мин сомы. Хорз та уымæй сты ахæм таладонтæ, æмæ 5-6 азмæ æфтиаг хæссын райдайынц. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Бæркадджын зæхх
Категория:
Новости и СМИ