Цæгат Ирыстоны 2020 азы кæронмæ байгом кæндзысты æртæ ног скъолайы

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

5 просмотров

7 лет назад

Цæгат Ирыстоны 2020 азы кæронмæ байгом кæндзысты æртæ ног скъолайы. Арæзтадон куыстытæ ныртæккæ сæ тæмæны сты. Фæнд ма кæнынц сæм ноджы дыууæ ахуыргæнæндоны бафтауын. Куыстытæ æххæст кæнынц национ проект «Образование»-йы фæлгæты. Уæрæсейы президент Владимир Путинимæ фембæлды Битарты Вячеслав куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй национ проектты руаджы скъолаты фылдæр хай кусдзысты æрмæстдæр фыццаг сменæйы. Ацы аз федералон проект «Современная школа»-йы руаджы Мæздæджы кæронмæ сараздзысты 500 бынаты кæм уыдзæн, ахæм скъола. Фæуыдзæн Дзæуджыхъæуы 31-æм æмæ 32-æм микрорайонты 550 бынатæн скъолаты арæзтад. Уыимæ ма, ацы аз хъуамæ саразой Рахизфарсы районы, Цæлыччы 200 бынатæн скъола. Горæтгæрон районы, Черменыхъæуы æмæм Мæздæджы районы, Хъызлары райдайдзысты 360 æмæ 500 бынаты кæм уыдзæн, ахæм скъолатæ аразын. Национ проект «Образование» æххæстгонд цæуы 2019-æй-2024-æм азмæ. Æдæппæтæй йæ бюджет уыдзæн 784 милиард сомы бæрц. Проектæн йæ сæйраг хæс у Уæрæсейы ахуырады æмвæзад фæуæлдæр кæнын. Стæй, ахуырады хæрзхъæддзинад хуыздæр цы 10 бæстæйы ис, уыдоны хыгъдмæ бахауын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Цæгат Ирыстоны 2020 азы кæронмæ байгом кæндзысты æртæ ног скъолайы

Категория:

Новости и СМИ