Скъолаты цалцæгæн ацы аз радих кодтой 196 милуан сомæй фылдæр
Цæгат Ирыстоны скъолаты цалцæгæн ацы аз радих кодтой 196 милуан сомæй фылдæр. Уыцы фæрæзтæй базилдзысты Алагиры 3-æм скъоламæ, Ногхъæу, Къостайыхъæу, Мичуриныхъæу, Цыколайы 2-æм скъола, Николаевскæйы станицæйы, Мæздæджы районы Винограднæйы æмæ Троицкæйы хъæуты ахуырадон уагдæттæм. Уый тыххæй бардзырд бафыстой æмæ парахат кодтой Уæрæсейы хицауады официалон сайты. Куыд дзы нысангонд ис, афтæмæй Уæрæсейы Рухстауыны министрад хъуамæ фæстауæрцгæнæн фондæй рахай кæна ацы аз 196 милуан æмæ 744 мин сомы «Развитие образования» паддзахадон программæ сæххæст кæнынæн. Раздæр ма уын куыд хъусын кодтам, афтæмæй 2020 -æм азы кæронмæ нæ республикæйы байгом кæндзысты 3 ног скъолайы. Арæзтадон куыстытæ ныртæккæ сæ тæмæны сты. Фæнд ма сæм кæнынц ноджы дыууæ ахуыргæнæндоны бафтауын. Куыстытæ æххæст кæнынц национ проект «Образование» -йы фæлгæты. Ацы аз федералон проект «Современная школа» -йы руаджы Мæздæджы арæзт фæуыдзæн, 500 бынаты кæм уыдзæн, ахæм скъола. Кæронмæ фæхæццæ кæны, Дзæуджыхъæуы 31-æм æмæ 32-æм микрорайонты 550 бынатæн цы скъолатæ рæвдз кæнынц, уыдоны арæзтад. Уыимæ ма, ацы аз хъуамæ саразой Рахизфарсы районы, Цæлыччы, скъола 200 бынатæн. Горæтгæрон районы, Черменыхъæуы æмæ Мæздæджы районы, Хъызлары та райдайдзысты, 360 æмæ 500 бынаты кæм уыдзæн, ахæм скъолатæ аразын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Скъолаты цалцæгæн ацы аз радих кодтой 196 милуан сомæй фылдæр
Категория:
Новости и СМИ