Хуссар Ирыстоны пъæлицæйæгтæ сты уæззау уавæры
Хуссар Ирыстоны цы пъæлицæйæгтæ фæцæф сты, фыдгæнджыты ахсгæйæ, уыдон нырма сты уæззау уавæры. Сæ иу- Пухаты Сосланæн скодтой операци. Иннæ Гатыккоты Захар дæр нырма йæхимæ не*рцыд. Гæнæ ис, æмæ дыууæ нæлгоймаджы дæр аласой Цæгат Кавказы бирæвæрсыгон медицинон центрмæ, Беслæнмæ. Раздæр уын куыд хъусын кодтам, афтæмæй æрæджы Хуссар Ирыстоны, Цхинвалы районы пъæлицæйы кусджытæ фæбыцæу сты 2 фыдгæнæгимæ Къæбысты Андреимæ æмæ Гæбæраты Сæрмæтимæ. Рауад хæцæнгарзæй æхстытæ. Æвирхъау цау æрцыд Залды хъæуы. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады ныхæстыл æнцайгæйæ, дыууæ фыдгæнæджы æрцахстой Гуырдзыстоны арæнты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хуссар Ирыстоны пъæлицæйæгтæ сты уæззау уавæры
Категория:
Новости и СМИ