Хур цæхæртæ калы
Æмæ ма, боны ахаст йе `нæниздзинадыл бæрæг кæмæн дары, уыдонæн ахсджиаг хъусынгæнинаг. Зæххы къори æрбахъæбыс кодта тынг тыхджын магнитон тымыгъ. Ахуыргæндтæ куыд зæгъынц, афтæмæй нæм фæстаг афæдз æмæ `рдæгмæ ахæм нæма уыдис. Тымыгъ расайдта, Хур йæхицæн бынат кæй нал ардта, уый. Йæ уæлцъарæй космосон тыгъдадмæ сыффытт кæны плазмæ. Зæххмæ куы `рхæццæ вæййы, уæд нын нæ планетæйы магнитон уарт бацагайы æмæ афтæмæй равзæры тыхджын тымыгъ. Нымадæй йын раттæн ис 3 баллы, гæнæн кæмæн ис, уыцы 5-æй. Фæнысан ма кæндзыстæм уый, æмæ тымыгъы фыццаг уылæнтæ Зæххмæ æрбахæццæ сты райсомы 6 сахатмæ. Ахæсдзæн æмбисæхсæвмæ. Нæ планетæйы магнитон уарты æууæлтæ æххæстæй се `муд æрцæудзысты тар æхсæвы. Дохтыртæ сидынц адæммæ, цæмæй се `нæниздзинады уавæрмæ къæрцхъусдæрæй кæсой. Уæлдайдæр, сæ туджы `лхъывдадмæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хур цæхæртæ калы
Категория:
Новости и СМИ