Дзанайты Барис схорзæх кодта «Мæ уарзон Ирыстон»-ы лауреатты
Дзанайты Барис схорзæх кодта «Мæ уарзон Ирыстон»-ы лауреатты
Сбæрæг сты, ирон æвзагыл хуыздæр чи фыссы, уыцы журналистты куыстытæ. «Мæ уарзон Ирыстон» æрвылазон республикон премийы æркастæн хатдзæгтæ скодтой. Йæхи æнтыстджынæй чи равдыста, уыдоны схорзæхджын кодта Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдар Дзанайты Барис. Равзæрстой телеуынынады хуыздæр æрмæг, стæй мыхуыры æмæ интернеты фæрæзты дæр. Конкурсы сæйраг нысан у ирон æвзаг бахъахъхъæнын æмæ йæ рæзтыл бакусын. Уæлахиздзауты 'хсæн не 'мкусджытæ. Хъулаты Юрий рамбылдта «Телевизион æрмæджыты» номинацийы, Уртаты Сæрмæт та райста сæрмагонд преми. «Мæ уарзон Ирыстон»-ы премийы архайджытæ адæмы рæгъмæ ацы аз рахастой 50 куысты. Аргъ сын кодтой къамисы уæнгтæ.