30 сывæллонмæ хæстæг архайдтой футболон академи «Алани»-мæ бахауыны æвзæрстыты
Æппæты арæхстджындæр æмæ нысанмæ тырнæг сывæллæттæн сæ бон бахауын у футболы академи «Алани»-мæ. Бонраздæр дзы сарæзтой хуыздæрты æвзæрст. 30 сывæллонмæ хæстæг, 2012-æм - 2013-æм азты чи райгуырд, ахæмтæ сæ тыхтæ æвзæрстой цæрдæгдзинад, эстафетæтæ, дыгæйттæ æмæ къордгай хъæзтыты. Уæлдай стырдæр цæстæнгас тренертæ здæхтой сывæллæтты психологон цæттæдзинад, тагъддзинад, стæй кæрæдзийы футболон быдырыл куыд æмбарынц, уымæ. Ахæм селекцион æвзæрстытæ ма специалисттæ сараздзысты цалдæр хатты.