Цæгат Ирыстон æмæ Мæхъæлы `хсæн арæны фæуæрæхдæр кодтой федералон фæндаджы уаддзаг
Цæгат Ирыстон æмæ Мæхъæлы `хсæн арæны фæуæрæхдæр кодтой федералон фæндаджы уаддзаг. Сосæ фæндаг «Кавказ»-ы ныр уыдзæн цыппар ацæуæны. Уый тыххæй хъусын кæнынц фæндаджы управленийæ. Фæндаг аразджытæ бындуронæй сцалцæг кодтой федералон автомобилон фæндаджы хай. Ольгинскæйæ Назраны онг. Дыууæ хайон соса фæндаггон змæлдыл не `хæссыд. Хъуыдис æй сног кæнын. Ныртæккæ суткæйы мидæг фæндагыл ацæуы 35 мин хæдтулгæйы. Объекты куыстытæ райдыдтой 2019 азы, октябры. Ныридæгæн сæвæрдтой ног асфальт. Уыимæ ма фæндагыл фæзынд 6 уырдыг фæндаджы Черменыхъæу, Майскæ æмæ Ногхъæумæ. Сæвæрдтой дзы сæрмагонд нысæнттæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстон æмæ Мæхъæлы `хсæн арæны фæуæрæхдæр кодтой федералон фæндаджы уаддзаг
Категория:
Новости и СМИ