Куыст ис, кусæг ней

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

9 лет назад

Куыст нæй, зæгъгæ, фехъусæн арæх ис. Фылдæрйх уыцы ныхас раъуысы фæндæгты тигътыл, фынгты уæлхъус, фæлладуадзæн бынæтты. Фæлæ уын абон радзурдзыстæм бынтон æндæр уавæры тыххæй. Фæллойы бынæттæ ис, фæлæ кусынмæ йæ бæттæнтæ ничи тоны. Афтæмæй та бинонты дарынæн фадæттæ ис. Агурын дæр сæ нæ хъæуы, æрмæстдæр фенын. Раст мæнæ нæ уацхæссæг Гæззаты Зæринæйы хуызæн. Ацы цехы кусджытæ авгимæ архайынц, сæ къухты цыма пластилин ис, афтæ. Цалдæр минутмæ авгæй саразынц, бæлвырд формæ кæмæн ис, ахæм дзаума. Æмæ уый у фæлтæрддзинад. Юрий Заготнов куыстуаты фæллой кæны 40 (цыппор) азы бæрц, æмæ кæны раст зæрингуырды куыст. Куыд зæгъы, афтæмæй авгæн хъæугæ формæ æнæ сæрмагонд кусæнгæрзтæй зын раттæн у. Фæлæ дзы дæсгай азты фæллойгæнгæйæ сахуыр ис, æмæ хъæугæ дзаума саразы цалдæр уысммæ. Юрий Заготнов - акционерон æхсæнадон "Радзряд"-ы авгдымсæг: «Кусын дзы 70-æм азæй нырмæ. æфсадӕй куы *рцыдтæн, уæд ам кусын райдыдтон, æмæ дзы абоны онг фæллой кæнын. Кæнæм дзы алыхуызон куыстытæ, аразæм æфсæддон приборты хæйттæ. Йæ технологи зын у, æмæ дзы архайын хъауы цæстæй баргæйæ». Ам та сæрмагонд кусæнгæрзтæ аразынц æфсæддон техникæйæн. Сæ продукци æрвитынц Уæрæсейы алы регионтæм. Ныртæккæ заводы заказтæ фаг ис. 9 мæймæ пайда растой 7 милуан сомы æмæ æрдæг. Фарон сæ хъуыддаг афтæ хорз нæ уыди. Куыстуат фесæфта нудæс (19) милуан сомы. Фæлæ сæ къухтæ не'руагътой, æмæ сæм ис дарддæрмæйы нысантӕ. Куыстуат архайы нырыккон технологитимæ æмдзу кæныныл. Ногтæй баивтой зæронд кусæнгæрзтæ. Хуымæтæг авгын колбæйæ цæмæй сæрмагонд электродтæй кусæг лампæ рауайа, уый тыххæй саразын фæхъæуы 140 технологон операцийы. Алы кусæгмæ дæр ис йæхи хæстæ, стæй, бирæ азты дæргъы кæй фылдæр кодта, ахæм фæлтæрддзинад. Фæлæ заводмæ æрыгон специалисттæ стæм хатт бацæуы. Афтæмæй та сæм зæрдиагæй фенхъæлмæ кæсынц. Джыккайты Артур - акционерон æхсæнад "Разряд"-ы разамонæг: «Мах фæнды рæзын, æмæ нæ фæнды нæ продукци фылдæр кæнын. Æмæ нæ уый тыххæй хъæуынц цæттæгонд адæм. Цалдæр азы кусæм Цæгат Кавказы хæххон металлургон институтимæ. Семæ нын ис бадзырд, æмæ уæлдæр скъолайы студентты райсæм практикæмæ». Кусджытæ фаг кæй нæй, у æппæт промышленнон къабазы фарста дæр. Хъӕугӕ специалистты цæттæ кæнынц Дзæуджыхъæуы бирæфадатджын техникумы. Цыппар сæдæ фæндзай студенты дзы ахуыр кæнынц 9 дæсныйадыл. Се'хсӕн ӕрзӕдкъахджытӕ, машинӕтӕ, электрон ӕмӕ промышленон кусӕнгӕрзтӕ цалцӕггӕнджытӕ. Фӕстаг азты ма техникумы цӕттӕ кӕнынц коммуналон хӕдзарады кусджыты. Алы бон дæр ахуырты фæстæ æнæмæнгæй вæййы практикæ. Ахуыргæнджыты хъуыдымæ гæсгæ, æнæ уымæй зонындзинæдтæ ныффидаргæнæн нæй. Уымæй уæлдай ма техникум бадзырд бафыста транспорты æмæ промышленносты, стæй ахуырады æмæ наукæйы министрадтимæ, æмæ, фидæны фæсивæдæн сæ бон фæллой кæнын кæм уыдзæн, уыцы куыстуæттимæ. Цæголты Тамерлан - Дзæуджыхъæуы бирæфадатджын техникумы сæргълæууæг: «Нæ хъуыдымæ гæсгæ, нæ министрады, стæй транспорты æмæ промышленон министрады æмархайдæн раст къахдзæфтæ кæнынц. Ацы аз мах бацæттæ кодтам æппæтæй хъæугæдæр дæстыйæдтыл ахуыр кæныны программæ. Уыдзысты 5». Куысджыты фарста лыггонд æрцыди Æрæфы хуыйæн фабрикæйы. Йæ хайад байгом Дзæуджыхъæуы, æмæ дзы кусы 16 адæймаджы. Къесаты Виктория куыд зæгъы, афтæмæй 16 азы размæ ахæм куысты хуызмæ гæсгæ фæллой кæнын райдыдта йæхæдæг дæр, æмæ йæ дæсныйад бауарзта. Фабрикæ уæлæдарæс хуыйы сæрмагонд организацитæн. Сæ продукци æрвитынц Уæрæсейы 20 регионмæ, раст ма Дард Скæсæнмæ дæр. Заказтæ сæм фаг вæййы, хатт ма уæлдайджынæй дæр. Уый тыххæй хъавынц сæ бæстыхæйттæ фæфылдæр кæнынмæ. Ныртæккæ кусæджы дæсныйадтыл хæст адæмæй нæ республикæйы хъæуы дыууæ сæдæ фæндзайæ фылдæр. Нæ фаг кæнынц электромонтажниктæ, электриктæ, æндадзджытæ æмæ шофыртæ. Хайдарбек Бутов - нæ республикæйы транспорты æмæ промышленносты министр. «Анхъæлмæ сæм кæсынц заводты, Электроцинчы, Победиты, вагæттæ цалцæггæнæн заводы. Электроцинчы ис зонындзинадта фылдаргæнæн центр, уым ахуыр канынц ног кусджыты. Фæлæ ахæм стыр заводы дæр, кусджытæ фаг нæ кæны. Уыцы фарста лыг канын хъæуы ахуыргæнæндæттимæ иумæ». Кусæджы дæсныйад кæмæ ис, уый æгуыстæй никуы нæ базайдзæн. Ирыстоны цы æртæвæрсыгон бадзырд фыст æрцыд, уый у специалистты æмæ кустуæтты сæргълæуджыты иугæнæнг фæрæз. Бирæтæ дзы æмгуыст кæнынц ахуыргæнæндæттимæ. Ахæм бадзырдтæ чи нæма бафыста, уыдон архайынц сæ бафыссыныл. Æмæ уæд студенттæ сæ практикон зонындзинæдтæ фылдæр кæндзысты равзæрст организациты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Куыст ис, кусæг ней

Категория:

Новости и СМИ