Ницы сын дзы рауд
Цъыккаты Владимиры уголон хъуыддаджы ног фæзилæнтæ фæзынд. Азымджын кæй кæнынц, уыдоны фарсхæцджытæ тæрхондонæй ракурдтой аххос дарыны ахсджиаг æрмæджытæ хъуыддагæй сисын. Фæлæ дзы ницы рауад. Тæрхонгæнæг Ачеты Олег уыцы курдиат банымадта аиппыл. Йæ уынаффæ фехъусын кодта абон тæрхондоны радом æмбырды. Уырдæм абон не `рбацыдысы аххосджын кæй кæнынц, уыдоны адвокаттæ. Уый та уый тыххæй æмæ, дам, иннæ хъуыддæгты фæдыл сæ бон ацы хатт æрбацæуын не `сси. Афтæмæй æркаст аргъæвтой. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, раздæр Дзампаты Оледжы адвокат тæрхондонмæ курдиат бахаста, цæмæй æвдисæнты раныхæстæ æмæ экспертизæйы хатдзæгтæ уголовон хъуыддагæй сисой. Уымæн æмæ, йæ ныхæстæм гæсгæ, слестгæнджыты къухтæм закъоны бындурыл кæй бафтыдысты, уымæн. Уый нæ фæл, дам, азымы дарæг хатдзæг дæр раст конд нæу. Тæрхондоны æмбырдтытæ ныр араздзысты къуырисæрты æмæ майрæмбонты. Цъыккаты Земфирæйы адвокат Сихъоты Анжеликæ уый нымайы, сайдыл. Ома, дам, растæг барæй ивазынц, цæмæй ныдæргъвæтин уа æмæ хъуыддаг сæхгæной. Ныр хъыгдардбаййафджытæ фæнд кæнынц тæрхондонмæ курдиат бахæссын, цæмæй уголовон хъуыддаг фæстæмæ прокуратурæмæ арвитой. Уыс хъуамæ йæм ноджы лæмбынæг дæр æркæсой æм раздæр цы нæ рабæрæг ис, уыдон сбæлвырд кæнын. Радон æркаст саразсдзысты 4 февралы, 11 сахатыл. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Ницы сын дзы рауд
Категория:
Новости и СМИ